Æхсæртæггатæ
From Wikipedia, the free encyclopedia
Æхсæртæггатæ — Нарты сæйрагдæр мыггæгтæй иу, йæ сæйрагдæр миниуджытæ сты лæгдзинад æмæ хъару. Æхсæртæггаты мыггаг райдыдта Уæрхæджы фырт Æхсæртæг æмæ Сайнæгонæй, Æхсæртæджы байзæддæгтæ: Уырызмæг, Хæмыц, Сослан, Батырадз, Сатана. Æхсæртæггатæ фылдæр сты хæстон адæм, тыхгæнæг сын тых нæ ары, ничи сыл уæлахиз кæны. Ныфсхаст, хъаруджын æмæ зондджын. Батрадз та у тынг ныфсхаст æмæ уæндон. Зæдтæ æмæ дзы дауджытæ дæр тæрсгæ кæнынц, Хуыцауимæ дæр кæны быцæу. Нарты кадджыты зынгæдæр хай æвдисы ацы хъайтарты сгуыхтдзинæдтæ.