Пьетро Бембо (итал. Pietro Bembo; райгуырдис 1470-æм азы 20 майы, Венецийы — амардис 1547-æм азы 18 январы, Ромы) уыдис италиаг гуманист, кардинал æмæ ахуыргонд.

Краткие факты Пьетро Бембо, Райгуырды датæ ...
Закрыть

Цардафыст

Пьетро Бембо райгуырдис Венецийы кадджын патрицион бинонты ’хсæн. Йæ фыццаг ахуыргæнæг уыдис йæ фыд Бернардо Бембо. Бернардо уыдис гуманистон традицитыл хæст адæймаг, йæ рæстæджы ахста бæрзонд бынæттæ Венецийы республикæйы.

1478-æм азæй Бембойы бинонтæ цардысты Флоренцийы. Пьетрæйæн æвзæгтæ ахуыр кæныны хъуыддаджы тынг æнтыстис, уый тагъд сахуыр кодта тосканæйаг диалект, фæстæдæр латинаг æмæ бердзенаг æвзæгтæ. Пьетро райста динон цытном, йæхи снывонд кодта зонадæн æмæ цардис Феррарæ, Урбино æмæ, Альд Мануцийы ахуыргæндты академийы зындгонд уæнг кæм ссис, уыцы Ромы. 1513-æм азы Бембо ссис папæ Лев X-æмы нымæрдар, фæстæдæр, цалынмæ папæйы бынаты фæд-фæдыл уыдысты Адриан VI æмæ Клемент VII, уæдмæ Пьетро раздæхтис, йæ уарзон сылгоймаг Морозинæ кæм цардис, уыцы сахар Падуямæ. Морозинæ (амардис 1535 азы) ныййардта йын æртæ сывæллоны. Зындгонд ма у Пьетро æмæ Лукреция Борджиайы кæрæдзимæ фыстæджытæ. Куыд æнхъæлынц историктæ, афтæмæй ацы сылгоймагимæ дæр йын уыдис уарзыны бастдзинад.

1529-æм азы Пьетро Бембо ссис Венецийы республикæйы историограф, 1530-æм азы та æрлæууыдис Сыгъдæг Марчы библиотекæйы сæргъы. 1539-æм азы Бембойæн рардæуыд кардиналы титул, 1541-æм азы — епископад Губбио. Йæ бирæвæрсыг ахуырдзинады фæрцы Пьетро Бембо дæргъвæтин рæстæджы дæргъы уыдис папæйы бынатмæ кандидат.

Сфæлдыстадон бынтæ

Бембойы стыр литературон бынты ’хсæн зынгæдæр бынат ахсынц «Азолойæгтæ» (уырыссагмæ тæлмацгонд сты куыд «Азоланские беседы»). Ацы уацмыс арæзт у прозæ æмæ æмдзæвгæтæй фыст диалогтæй италиаг æвзагыл. Фыццаг хатт мыхуыргонд æрцыдис 1505-æм азы, фæлæ фæлæ фыссæг сыл куыста дарддæры азты дæр. XVI æнусы чиныг мыхуыры рацыдис 20 хаттæй фылдæр, æмæ Европæйы æппæт культурон адæмы ’хсæн ссис тынг зындгонд. Йæ уацмысæй Бембо ссардта номдзыд Лукреция Борджиайы ном. Гæнæн ис, æмæ ацы сылгоймаг сразæнгард кодта фыссæджы «Азолойæгты» сфæлдисынмæ.

Бембо ма зындгонд у куыд италиаг æвзаджы фарстатæ иртасæг. «Прозæйæ фыст тæрхæттæ адæмон æвзаджы тыххæй» (уырыс. «Рассуждения в прозе о народном языке», 1525), зæгъгæ, йæ уыцы трактаты уый рахæцыдис тосканæйаг диалекты сæрыл. Фыссæджы хъуыдымæ гæсгæ уыцы ныхасыздæхт уыдис литературон италиаг æвзаджы бындур, æмæ сидтис ахуыргонд адæймæгтæм, цæмæй пайда кодтаиккой Петраркæ æмæ Боккаччойы æвзагæй.

Фиппаинæгтæ

Wikiwand in your browser!

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Every time you click a link to Wikipedia, Wiktionary or Wikiquote in your browser's search results, it will show the modern Wikiwand interface.

Wikiwand extension is a five stars, simple, with minimum permission required to keep your browsing private, safe and transparent.