азербайджайнаг советон композитор, дирижёр, музыкæзонæг From Wikipedia, the free encyclopedia
Узеир Абдул-Гусейн оглы Гаджибеков (азерб. عزيربك بن عبدالحسين حاجى بكوف, Üzeyir bəy Əbdülhüseyn oğlu Hacıbəyov; 6 [18] сентябры 1885, Агджабеди — 23 ноябры 1948, Баку) уыд азербайджайнаг советон композитор, дирижёр, музыкæзонæг, публицист, драматург, педагог, æхсæнадон архайæг. Советон Цæдисы адæмон артист (1938). Сталины премийы ll къæпхæны дыууæ хатты лауреат (1941, 1946).
Узеир Абдул-Гусейн оглы Гаджибеков | |
---|---|
азерб. Üzeyir Hacıbəyov | |
Иумæйаг информаци | |
Райгуырды датæ | 1885-æм азы 18 сентябры[1] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1948-æм азы 23 ноябры[2][3] (63 азы) |
Мæлæты бынат | |
Ныгæныны бынат | |
Бæстæ | |
Професситæ | дирижёр, композитор, музыкалон педагог, фыссæг, журналист, музыкалон этнограф, драматург |
Сфæлдыстады азтæ | 1904 — 1948 |
Жанртæ | оперæ, классикон музыкæ[d] æмæ мугам[d] |
Хорзæхтæ | |
Автограф | |
hajibeyov.com | |
Викикъæбицы медиа |
Нырыккон Азербайджаны профессионалон музыкалон дæсныйады бындурæвæрæг, Азербайджаны ССР-йы Зонæдты академийы архайæг уæнг (1945), профессор (1940), Азербайджаны консерваторийы ректор (1928—1929, 1939—1948), Азербайджаны ССР-йы Композиторты цæдисы сæрдар (1938—1948). Коммунистон партийы уæнг 1938-æм азæй. Азербайджаны ССР-йы æмæ ныры Азербайджаны гимны автор. Пысылмон дунейы фыццаг оперæйы ныффыссæг[5][6].
Йæ ахуыр райдыдта медресейæ, стæй каст фæци дыуууæазыккон уырыссаг-тæтæйраг (азербайджайнаг) скъола. 1899-æм азæй 1904-æм азы онг ахуыр кодта Фæскавказы ахуыргæнджыты семинары азербайджайнаг хайады Гуры сахары[7]. Гуры базыдта скърипкæ æмæ виолончель цæгъдын, базонгæ и суинаг композитор Муслим Магомаевимæ (зарæггæнæг Муслим Магомаевы фыдыфыд)[8]. Уый фæстæ цыппар азы дæргъы амыдта Гадрут æмæ Бакуйы скъолаты.[7] 1905-æм азы куыста Бакуйы Биби-Эйбаты скъолайы, стæй «Саадат»-ы скъолайы, амыдта дзы азербайджайнаг æмæ уырыссаг æвзаг, математикæ, географи, истори[9]. Уыцы иу рæстæг сси газет «Хаят»-ы тæлмацгæнæг, газет «Иршад»-ы дæр архайдта. 1911-æм азы ацыдис Мæскуымæ бæстондæр музыкалон ахуыр райсынмæ[10], стæй Бетъырбухмæ дæр, кæцыйы ахуыр кодта консерваторийы В. Калафатийы разамындæй (1914).
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Every time you click a link to Wikipedia, Wiktionary or Wikiquote in your browser's search results, it will show the modern Wikiwand interface.
Wikiwand extension is a five stars, simple, with minimum permission required to keep your browsing private, safe and transparent.