![cover image](https://wikiwandv2-19431.kxcdn.com/_next/image?url=https://upload.wikimedia.org/wikipedia/commons/thumb/d/de/Lake_Sevan_from_space.jpg/640px-Lake_Sevan_from_space.jpg&w=640&q=50)
Севан
From Wikipedia, the free encyclopedia
Сева́н (сом. Սևանա լիճ) у Кавказы стырдæр цад, йæ фæзуат у 1240 км² фылдæр. У Сомихы зындгонддæр фенддæгтæй иу.
Севан | |
---|---|
сом. Սևանա լիճ | |
![]() | |
Морфометри | |
Абсолютон бæрзæнд | 1898 м |
Ас | 78 × 56 км |
Фæзуат | 1240 км² |
Гуырахст | 36,088 км³ |
Стырдæр арф | 79,7 м |
Астæуккаг арф | 26,8 м |
Гидрологи | |
Рухсхъарындзинад | 4,5 м |
Бассейн | |
Бассейн | 4890 км² |
Æфтæг цæугæдæттæ | Варденис, Мартуни, Аргичи, Астхадзор, Гаварагет, Цаккар, Дзкнагет |
Ракæлæг цæугæдон | Раздан |
Ран | |
40°18′38″ с. ш. 45°20′57″ в. д.HGЯO | |
Бæстæ | |
Регион | Гехаркуник |
![]() |
Цадæй рацæуы цæугæдон Раздан. Севан æмæ Разданы дæттæй пайда кæны Севаны гидроэлектростанцæты каскад. Цæмæй Севаны фылдæр дон уа, уымæн сарæзтæуыд 48 километрæй фылдæр йæ дæргъ кæмæн у, ахæм тъунел. 1978-æм азæй Севаны алфамбылай зæххытæй скодтой цады æмном национ парк.
Цадæн йæ ном нысан кæны «сау моладзандон» (сев «сау», ванк «моладзандон»), афтæ уырныдта адæмы, фæлæ куыд рабæрæг, уый адæмон этимологи у, æмæ Севаны ном урартаг ныхас суниа-йæ равзæрдис, кæцы нысан кодта хуымæтæджы «цад».
Цадæн йæ уæлвæз у денджызы æмвæзадæй 1898 метры бæрзонддæр[1]. Рæстæмбис арф у 26,8 м, максималон та — 80 м. Цады фæзуат ивы, уый тыххæй æмæ йæ уæлвæз цадæггай рæзы, цад-иу раивылы. Цады дон у æдзæхх, регионы инны стыр цæдтæй хъауджыдæр, йæ минерализаци у 700 мг/л къаддæр.
1933-æм азы Сомихы райдыдтой Севанæй фылдæр дон исын, цæмæй дзы пайда уа хъæууон хæдзарады æмæ цæмæй Севаны бынæй зæххытæ ссур кæной. Къахтой дæлзæхх тъунелтæ, уыцы куыст куы фæци, уæд республикæйы экономикæйæн стыр ахъаз уыдис. 1933-æм азы кæронмæ цады æмвæзад 10 м фæныллæгдæр кодта.
Фыдыбæстæйы Стыр хæст фæкъуылымпы кодта уыцы архайд, æмæ йыл ногæй кусын райдыдтой 1949-æм азы. Уæд цады æмвæзад алы аз дæр ныллæгдæр кодта афæдз иу метр.
Фæстæдæр куыд рабæрæг, Севан ссур кæныны куыст цады экологийæн тæссаг уыдис. Цадмæ калдтой бырæттæ, сæрдыгон рæстæг йæ дон цъæх кæнын райдыдта, кæддæры сыгъдæг дон эвтрофикацийæ кодта æвзæрæй æвзæрдæр[2]. 1961-æм азы Сомихы ССР-йы зонæдты академи уынаффæ рахæста, цад ныллæгдæр кæнын кæй нал хъæуы, уый тыххæй. Ссардтой доны гуырæн, цæмæй йæ бафтауой цадмæ — аразын байдыдтой цæугæдæттæ Воротан æмæ Арпæйæ дон исæн тъунелтæ. Уæдæй нырмæ Севаны æмвæзад алы аз цадæггай бæрзонддæр кæны, афæдз 25-35 см.