Сомалиленд
From Wikipedia, the free encyclopedia
Сомалиленд (сомал. Soomaaliland, арабб. أرض الصومال Arḍ aṣ-Ṣūmāl) кæнæ Сомалиленды Республикæ у æнæбанымад де-факто паддзахад (йæ хæдбардзинадыл дунейы паддзахæдтæ нæма сразы сты) Африкæйы цæгат-хурыскæсæны, Сомалийы цæгаты.
| |||||
Девиз: «(арабб.)لا إله إلا الله محمد رسول الله Lā ilāhā illā-llāhu; muhammadun rasūlu-llāhi» | |||||
Гимн: «Sama ku waar» | |||||
Хæдбар сси | 1991 азы 18 майы Сомалийæ | ||||
Æвзаг | сомалиаг, араббаг, англисаг | ||||
Сæйраг сахар | Харгейсæ | ||||
Стырдæр сахартæ | Харгейсæ, Берберæ | ||||
Хицауиуæджы хуыз | Республикæ | ||||
Президент | Ахмед Силаньо | ||||
Фæзуат | 137 600 км² | ||||
Цæрджытæ • Бахыгъд (2008) • Æнгомад | 3 500 000 ад. 25 ад./км² | ||||
Валютæ | Сомалиленды шиллинг (SLSH) | ||||
Телефонон код | +252 | ||||
Сахатон таг | +3 |
Йæ сæйраг æмæ стырдæр сахар у Харгейсæ.
Йæ сыхæгтæ сты Джибути, Эфиопи æмæ Сомали. Цæ фæзуат йæхи хоны, уый у 176 120 кв. км, цæрджыты нымæц та — 5,7 милуаны (2021)[1].
Раздæры Бритайнаг Сомалийы колони, Сомалиленд йæ хæдбардзинады тыххæй тох кодта 1961 æмæ 1981-æм азæй фæстæдæр. 1991-æм азæй цæ фæзуат йæхи хоны, уый у Сомалиленды дæлбар, бæстæйы хицауад у демократон хуызы æвзæрст.
Кæд Сомалиленды хæдбардзинадыл ничи ма сразы и, бирæ хицауæдтæ æмæ фирмæтæ ацы бæстæимæ кусынц, Эфиопи дзы байгом кодта йæ базарадон минæварад.
Сахарты чи цæры, уыцы цæрджыты ’хсæн бирæтæ дзурынц дыууæ кæнæ æртæ официалон æвзагыл: англисагау, араббагау æмæ сомалиагау. Хъæуты цæрджытæ дыууæ æвзаджы стæм хатт зонынц. Скъолаты фылдæр хай кусынц англисагау.
Сæ динмæ гæсгæ сомалилендæгты фылдæр хай сты суннæйаг пысылмон.