Æрхонкæ

From Wikipedia, the free encyclopedia

Æрхонкæ
Remove ads

Æрхонкæ, раздæры ном — Къардон (уырыс. Архонская, Архонка дæр) у Цæгат Ирыстоны Горæтгæрон районы станицæ Джызæлдоны былтыл, кæддæры Орджоникидзейы районы административон центр. Цæрынц дзы 7,8 мин адæймаджы (2005).

Краткие факты Æрхонкæ, Паддзахад ...

Станицæйы бындур сæвæрдтой Чысыл Уæрæсейы хъазахъхъаг полчъы хъазахъхъæгтæ 1838-æм азы[5]. XIX æнусы дзы куыста æмбæрзæн агуритæ уадзæн завод, цæугæдоныл цалдæр куыройы.

Станицæйы æфсæддонты ’хсæн уыдысты Георгийы дзуары æртæ æххæст кавалеры: Сергей Богомаз, Илларион Бондарев, Стефан Калашников. Революцийы фæстæ архонскæйæгтæ хæцыдысты большевикты ныхмæ. 1920 азы станицæйы атаман Павел Василенко кæдæмдæр фесæфти æмæ фæстæдæр большевикты цур скуыста. 1920 азы 18 январы хъазахъхъ равзæрстой Григорий Кикоть куыд сæ ног атаман. Афтæмæй Кикоть сси Æрхонкæйы фæстаг атаман. Уыцы азы 24 мартъийы сырхæфсæддонтæ байстой станицæйы.

Станицæйы цæрджытæй 70% сты уырыссæгтæ (сæ фылдæр хъазахъхъаг равзæрдæй), 27% — ирæттæ, 3% — иннæтæ[6].

Remove ads

Культурæ

Æрхонкæйы ис Культурæйы хæдзар, сывæлæтты музыкалон скъола, библиотекæ æмæ Спорты галуан.

Æрхонкæйы хъазахъхъæгтæ хъахъхъæнынц сæ зарæджы традицитæ: ис дзы дыууæ зындгонд коллективы — Хъазахъхъаг адæмон хор æмæ Хъазахъхъаг зарæджы ансамбль «Станицæ».

Къамтæ

Æддаг æрмæг

Фиппаинæгтæ

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads