Акула

From Wikipedia, the free encyclopedia

Remove ads

Акула кæнæ Акула-рæсугъд у нарты кадджыты хъайтары ном. У Нарты Батрадзы æмкъай, авд æфсымæры иунæг хо, арвы рухс æмæзæххы фидауц. Чызгæн Нарты гуыппырсартæ бæллынц йæ уындмæ, фæлæ уый сæ къухы не ’фты.

Краткие факты Акула, Æрд ...

Зæронд Уырызмæгæн бантыст Акулайы рæсугъды Нарты симдмæ æркæнын. «Мемæ расим! Мемæ расим!», зæгъгæ, йæм Нарты гуыппырсартæ радыгай цæуынц, фæлæ дзы Акула кæмæ цы фау æрхæссы, кæмæ цы фау. Фæстагмæ йæм бацыд Батрадз. Уымæ ницы аипп ары Акула-рæсугъд, фæлæ йын йæ разы æвæры хæс: Нарты хистæртæй иуы — Уон, зæгъгæ, йæ ном — уый ахаста Хъæндзæргæс. Кæд Батрадз Уоны Хъæндзæргæсы уацарæй ракæна, уæд Акула сразы уыдзæн Батрадзимæ канд расимыныл нæ, фæлæ йæ цард бабæттыныл дæр (кадæг «Нарты симд, кæнæ Батрадз ус куыд ракуырдта»). Батрадз ацыд, Хъæндзæргæсы амардта æмæ Уоны æркодта Нарты бæстæм. Акула йæ ныхас нæ фæсайдта[1].

Remove ads

Фиппаинæгтæ

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads