Александр Македойнаг
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Александр Македойнаг[3] кæнæ Мачъидон Алыксан[4], Стыр Александр æмæ æнæуи Алыксандр хоны, дыгурон вариант: Мæкъедон Александр[5] (рагон грекъ. Ἀλέξανδρος ὁ Μέγας) уыди грекъаг Македонийы паддзах æмæ зындгонддæр-иу уæлахизхæссæг кæны рагон дунейыл.
Алыксандр дунейæн йæ фылдæр хай бацахста, афтæ Александры уæлахизты руаджы Грекъ (иугонд Македоны сæргъы) сси хъомысджын дунеон паддзахад, уымæ гæсгæ уыцы бирæ бæстæты адæм райдыдтой дзурын иумæйаг грекъаг æвзагыл, цæмæй адæм иууылдæр грекъаг дин æмæ æгъдæуттæ райстаиккой.
Remove ads
Æрыгон царды
Алыксандр райгуырдис 356-æм азы нæ э. а. 352-æм азы нæ э. а, Алыксандры фыд, паддзах Филипп Дыккаг, сахар Фессалийы фæуæлахиз астæуккаг Гречъы цæрæг адæмыл. 336-æм азы нæ э. а йын йæ фыды, Филиппы, куы амардтой, уæд ссæдзаздзыд Александр сси Македонийы паддзах, 20 азы йыл куы цыди, уæд. Алыксандрæн йæ фыд куы амарди, æмæ паддзах кæй сси, уæд 334-æм аз нæ э. а. майы Александр араст йæ фыццаг хæстон стæры, æмæ Персы паддзахады зæххытæ куы бацахста. Æмæ уыцы аз, Къаннæг Азийы цæгат-ныгуылæн фарс цæугæдон Граничы цур (ныртæккæ Турчы зæххыл) фыццаг хатт схæцыд персæгтимæ æмæ сыл фæуæлахиз, 334-æм азы.
Remove ads
Азийы зæххытæ бацахстой
332-æм аз нæ э. а., уæд Алыксандр йе ’фсæддонтæн радта бардзырд, цæмæй Тиры сæйраг хайы хæлддзæгтæй сарæзтаиккой фæндаг, сахарæн ма сакъадахыл цы хай уыд, уырдæм. Æмæ сахары уыцы хай дæр фæстæдæр басаста. Фæстæдæр, Алыксандр Тирæн йæ иннæ хай, сакъадахыл чи уыд, уый куы бацахста, уæд ныццагъта мингай æфсæддонты æмæ зындгонд адæмы, йæ цæрджытæй та йын 30 000 ауæй кодта цагъартæй. 330-æм азы Персы паддзахад куы ныппырх, æмæ паддзах Дариус фæмард. Дæс азмæ, Алыксандр Персы паддзахад бацахста, Гречъы зæххытыл ахæцыд цæугæдон Инды онг (абон ис Пакистаны зæххыл).
Remove ads
Мæлæт
Алыксандр фæндыд, цæмæй Вавилон сæйраг сахар суыдаид, фæлæ æвиппайды амард 323-æм азы, уæд ыл цыди 32 азы. Алыксандр куы амард, уæд Алыксандры æфсады цыппар сæргълæууæджы йын йæ паддзахад сæ кæрæдзийыл куы ныддихтæ кодтой. Зæгъæм, Антиох Цыппæрæм паддзахад Алыксандры чи адих кодта, уыцы цыппар сæргълæуджытæй сæ иуы байзæддаг, Сирийы паддзах сси æмæ Птолемейы паддзах Мысыры сси.
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads