Багдад

From Wikipedia, the free encyclopedia

Багдадmap
Remove ads

Багда́д, вариант: Багъдад[2] (арабб. بغداد, курд. بەخدا) у Ирачы стырдæр æмæ сæйраг сахар. Цæрынц дзы 8,1 милуан адæймаджы, араббаг дунейы дыккаг стырдæр сахар. Сахар лæууы цæугæдон Тигрыл.

Краткие факты Багдад, Паддзахад ...

Багдадæй 90 километры хуссарырдæм лæууы рагон Вавилоны хæлддзæгтæ.

Бирæ культурон хæзнатæ басыгъдысты Багдады, 2003 азы хæсты рæстæг сахар арты амæттаг куы баци, уæд. Уыдоны ’хсæн Националон Библиотекæйы рагон чингуытæ. Багдады зоопарчы цы 700 цæрæгойы цардысты, уыдонæй æгасæй баззæд æрмæст 35 — æндæртæ давд æрцыдысты кæнæ та стонгæй амардысты, æнæцæстдардæй куы баззадысты[3].

Remove ads

Этимологи

Кæд æмæ араббаг сахар у рагзаманæй, йæ номы фæзынд баст у ирайнаг æвзæгтимæ. Астæуккаг персайнаг æвзаджы уыд вазыгджын дзырд bag «хуыцау» + dād «лæвæрд», ома «хуыцауы лæвæр», «хуыцау кæй балæвæр кодта». Æндæр персайнаг верси у дзырдбаст Bāgh-dād «лæвæрд дыргъдон». Бынаты ацы ном фæзынди пысылмон заманы агъоммæ.

762 азы 30 июлы араббаг калиф Аль-Мансур ног сахары бындур сæвæрдта[4], уый арæзта ног сахар цæмæй уый уа йæ империйы сæйраг сахар. Йæхæдæг йæ сахар хуыдта мадинат ас-салям «сабырдзинады сахар».

Remove ads

Галерей

Фиппаинæгтæ

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads