Бадилатæ
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Бадилатæ, дыгур. Баделиатæ[1] – Дыгуры æхсæнады уæлдæр фæлтæр, Тъæпæн Дыгуры æмæ Уæллагкомы феодалтæ, уыдысты авд мыггаджы:
Бадилатæ лæууыдысты ирон æхсæнады иерархийы уæлдæр къæпхæныл. Бадилатæ чызг хастой æмæ лæвæрдтой кæрæдзийæн, арæх чызг куырдтой кæсгон æмæ асиаг зындгонд мыггæгтæй, хатгай та — цæргæсатæй. Бадилатæ чызг лæвæрдтой Тæгиаты æлдæрттæн, стæм хатт та иннæ ирон æхсæнадты уæздан лæгтæн; сæхæдæг уыцы мыггæгтæй чызг нæ хастой. Дыгурон феодалтæ номыл устытæ кодтой, куыд Дыгуры æхсæнады сæ дæлбар зæхкусджытæй, афтæ Ирыстоны иннæ æхсæнæдтæй дæр.
Remove ads
Литературæ
- Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 44–46.
- Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 38–39.
- Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 112–119.
- Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. — Дзæуджыхъæу, 1994. — С. 35.
Remove ads
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads