Барад
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Барад у æхсæнадон ахастыты регулятортæй иу.
Нырыккон дуджы дунейы ахуыргæндтæ нæма ссартой барады универсалон бæрæггæнæн. Зæгъæм, Стыр советон энциклопедимæ гæсгæ барад у паддзахадæй сфидаргонд иумæйаг æнæмæнг æххæстгæнинаг фæткойты æмдзыгуыр, кæдоны æххæстгонд паддзахад гаранти кæны.
Миниуджытæ
Барады миниуджытæ сты:
- Уагæвæрддзинад, ома барады нормæтæ хъуамæ уой æмхуызон конд, иу паддзахады оргæнæй цæуой.
- Иумæйаг æнæмæнгдзинад, ома алчидæр хъуамæ фæткойтæ æххæст кæна.
- Объективон характер
- Формалон бæлвырддзинад
- Паддзахад æххæстдзинад гаранти кæны
- Бирæхаттон спайдакæныны фадат
Барады равзæрæнтæ
Барады равзæрæн у барады нормæйы фидар кæныны амал.
Барады равзæрæнты æхсæн сбæрæг кæнæн ис:
- барадон бадзырд
- нормативон барадон акт
- барадон прецедент
- барадон æгъдау
- барадон доктринæ
Барады системæ
Барады системæ у къабæзтæ, институттæ æмæ нормæты æмдзыгуыр.
Барады къабаз
Къабаз у барадон нормæты æмдзыгуыр, кæцы уаг дæтты иугъæдон æхсæнадон ахастытæн.
Барады къабæзтæ
Барады къабæзтæ сты:
- Æхсæнадæмон барад
- Конституцион барад
- Административон барад
- Тугтæрхонон барад (уголовон барад)
- Граждайнаг барад
- Бадзырдон барад
- Амалиуæгдарон барад
- Финансон барад
- Хъалонон барад
- Бюджетон барад
- Фæллойадон барад
Барады институт
Барадон институт у барадон нормæты æмдзыгуыр, кæцы уаг дæтты æхсанадон ахастыты хицæн къордæн.
Барады институттæ
Барады институттæ сты, зæгъæм:
- сæрмæмулкы барады институт
- адæймаджы барадты институт
Барады нормæ
Барады нормæ у ахасты уагæвæрд, кæцы уаг дæтты конкретон æхсæнадон ахастытæн.
Барадон системæ
Барадон системæ у барады системæ, барады культурæ æмæ барады реализацийы æмдзыгуырон бастдинад.
Дунейы зындгонд сты барадон системæты мыггæгтæ:
- англо-саксон мыггаг
- континентон мыггаг
- динон барады мыггаг
Барады зонæдтæ
Барады зонæдтæ сты æхсæнадон зонæдты къорд, кæдон иртасынц барад æмæ барадон фæзындтæ.
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads