Баскатæ

From Wikipedia, the free encyclopedia

Remove ads

Баскатæ[1] (уырыс. Баскаевы) сты ирон мыггаг.

Краткие факты Баскатæ, Æндæр вариант ...

Равзæрд

Сæ фыдæлтæ мыггаджы равзæрд хæссынц XVII æнусмæ. Уыцы заманы, зæгъ, 1680 азы, Æрыдоны галиу фарс Мызуры сæрмæ Ксурты æрцард Баскъаты фыдæл Елбыздыхъо. Уæлладжыры коммæ уый æрбалыгъд Куырттаты комæй, йæ туджджынтæй ралыгъд. Ксурты йын райгуырд фырт — Баскъа, Баскайæн та фырт — Ело. Елойы фырт Быда XVIII æнусы æнæхъæн Мызуры æхсæнады нымад уыд кадджын адæймагыл. Быдайæн уыд цыппар фырты: Цырынга, Бон, Дежи æмæ Тунза. Уыдонæн дæр фæзынд цæуæт æмæ цæуæты цæуæт. Æрæджыйы онг дæр ма Баскаты хистæр фæлтæр ацы цыппар æфсымæрыл дих кодта. Рæстæг цыд, цард сын нал фаг кодта, зæхцух уыдысты æмæ фæлыгъдысты æндæр рæттæм: Æрыдонмæ, Сындзыхъæумæ, Ставддуртæм, Цраумæ, Салугæрдæнмæ, Лабæмæ.

Абон Баскаты мыггаг нымад у Цæгат Ирыстон-Аланийы стырдæр мыггæгтæй иуыл. Ам сты 195 хæдзары бæрц, Лабæ æмæ æндæр рæтты та — 130 хæдзары. XVII æнусæй абоны онг раивтой æртындæс фæлтæры. Кæд æндæр æмæ æндæр рæттæм фæлыгъдысты, уæддæр сæ райгуырæн къуым нæ рох кæнынц.

Remove ads

Зындгонд адæм

Бирæ номдзыд лæгтæ уыд мыггаджы. Быда XVIII æнусы, Бати æмæ Тата та XIX æнусы — бирæ туджджынты бафидауын кодтой. Æнæхъæн Ирыстон зыдтой Баскаты Какийы фырт Бабуцы, 1930–1940 азты цард Мæскуыйы æмæ тынг бирæ æххуыс кодта рæзгæ фæсивæдæн уæлдæр ахуыргæнæндæттæм бацæуынæн.

Æрвадæлтæ

Фиппаинæгтæ

Литературæ

Æддаг æрмæг

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads