Бесолтæ

From Wikipedia, the free encyclopedia

Remove ads

Бесолтæ[1] (уырыс. Бесоловы) сты ирон мыггаг.

Краткие факты Бесолтæ, Рагон мыггаг ...

Истори

Арсæгтæ æмæ Гасынтæ равзæрдысты Бесолтæй. Бесолтæ цардысты Уæлладжыры комы, Урсдоны хъæуы.

Арсæгтæ раздæр рахицæн сты Бесолтæй æмæ цардысты хицæнæй Садоны. Ныры Гасынтæ та дзæвгар фæстæдæр Тхамонæй балыгъдысты Гæлиаты хъæумæ, куыд Бесолтæ афтæ. Сæ ралыгъды сæр уый фæдыл уыд æмæ Дæллаг Садоны чызгæрвысты рæстæджы æрцыд хъаугъа. Чидæр Бесолты Дзидзойы фырты цæст ехсы хъæдæй фæсахъат кодта, Гасын æй уый тыххæй амардта. Уый фæстæ Гасын йæхи райста Æрыдонмæ, йæ хæстæджытæ Мердентæм. Йæ бинойнаг Икъаон æд дыууæ сывæллоны алыгъд Уæллагкоммæ. Уырдыгæй та Цирохсмæ.

Бесолтæй бирæтæ ралыгъдысты Цыколамæ æмæ Чырыстонхъæумæ. Уыцы хъæуты цæргæйæ Бесолты адæм дзурын райдыдтой дыгурон æвзагыл, бирæтæ та сæ фæлыгъдысты быдыры ирон хъæутæм æмæ горæттæм, сæ фылдæр Дзæуджыхъæумæ.[1]

Remove ads

Фиппаинæгтæ

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads