Благоевград
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Благо́евград (болг. Благоевград) у хуссар-ныгуылæйнаг Болгарийы сахар, Благоевграды облæст æмæ хъæубæстæйы административон центр.
Сахары раздæры нæмттæ сты Горна-Джумая æмæ Скаптопарæ. Ныртæккæ хæссы болгайраг коммунист Димитыр Благоевы ном (1950-æм азæй).
Сахары ис зынгæ тамакойы комбинат, бæгæныуадзæн завод «Пиринско пиво», дыууæ университеты.
Сахармæ ’ввæхс и æртæ паддзахады арæнтæ — Серби, Цæгат Македони æмæ Гречъы. Болгарийы сæйраг сахар, София, у æрмæстдæр 100 км цæгатырдæм. Благоевграды сæрты цæуы Грекъæй Европæмæ фæндаг (Европæйаг транспортон коридор №4).
Цæрджыты нымæц у 77 мины бæрц.[3]
Сахары хуыздæр дуг уыдис 1980-æм азты, афтæ хуынд «арæзтады дуг».
Remove ads
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads