Дари
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Дари́ (دری [darī]; фарси-кабули, Афгъанистаны персайнаг æвзаг) у афгъайнаг таджикæгты æвзаг. Уыдонæй уæлдай ма йыл дзурынц хазарейтæ, чараймактæ æмæ иуæй-иу æндæр этникон къордтæ. Дари у Афгъанистаны дыууæ паддзахадон æвзагæй иу. Æмбæлы фылдæр бæстæйы цæгатаг æмæ центрон провинциты, Кабулы, стæй Пакистаны æмæ Ираны. Æвзаг у этникон къордты ’хсæн дзурыны фæрæз. Æппæт дзурджыты нымæц у 15 милуан адæймаджы (2006).
Фылдæр специалистты цæстæнгасмæ гæсгæ дари у персайнаг æвзаджы афгъайнаг вариант. Ираны персайнаг æвзагæй дари фылдæр хицæн кæны фонетикæйы (вокализм æмæ æнд.), стæй йын ис хицæндзинæдтæ лексикæйы æмæ грамматикæйы.
Remove ads
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads