Джермецыкк
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Джермецыкк[3] (уырыс. Николаевская) у Цæгат Ирыстоны Дыгуры районы станицæ, Мустыздæх æмæ Бæрæгъуынмæ ’ввахс.
Remove ads
Истори
Станицæйы истори райдыдта 1838-æм азы: уæд Бехъаны цур, Урсдон Теркмæ кæм æфты, уыцы ран æрцæрын кодтой цалдæр бинонджын æфсæддоны. Сæ хъæуы зæххыты фæзуат уыди 12576 дæсæтины.
1842-æм азмæ Джермецыччы царди 141 мыггаджы: 318 нæлгоймаджы æмæ 294 сылгоймаджы. Уыцы азы 23 ноябры уыдон бацыдысты Дзæуджыхъæуы хъазахъхъаг полчъы скондмæ, уымæй систы бынæттон цæрджытæ хъазахъхъ.
Станицæйы фыццаг бынаты бæстыхъæд æгæр уымæл уыд, уымæй цæрджытæ бирæ фæтухи кодтой, æмæ фæстæдæр хъæуы бынат аивтой хуссарырдæм Дур-Дуры доны былмæ.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæмардысты 360 станицæйагæй фылдæр. 1942-æм азы октябрæй 1943-æм азы райдианмæ станицæ гитлерон æфсады оккупацийы уыдис.
Советон дуджы Джермецыччы цы колхоз уыди, уый хуындис бынæттон революционер Легейдойы номыл. 2009-æм азы колхоз фæкъотыр и[4].
Remove ads
Кæс ноджы
- Джермецыччы рæгътæ (рагъ)
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads