Дзукъатæ
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Дзукъатæ (уырыс. Дзукаевы) сты ирон мыггаг.
Равзæрд
Дзукъа æмæ Абай цардысты Цымытийы, Куырттаты. Уым фæтуджджын сты æмæ уæд сæхи райстой Хуссар Ирмæ. Зæххыл фæзылдысты дыууæ æфсымæры, æмæ дзы хор фæлвæрдтой. Уалдзæджы Челиаты хъæды астæу иу æрдузы хъæбæрхор æмæ мæнæу байтыдтой. Уæд Едысы рагъмæ ссыдысты, æмæ уырдыгæй кастысты æмæ хъæды астæу æрдузы сбæрæг кодтой, кæуылты йæм бацæуын хъуыд, уый базыдтой, æмæ йæм æрцыдысты. Хъæбæрхор æмæ мæнæу æрзадысты тынг. Уæд загътой, ай хорз цæрæн бæстæ у, зæгъгæ. Дзукъа загъта, мæн, дам, ам фæнды. Абай чи у, уый та загъта, æз та Сыбамæ цæуын. Уый Сыбагомы æрæнцадис. Дзукъа та — Челиаты. Дзукъайæн райгуырд Айтег æмæ Дула. Айтег æмæ Дула фæхицæн сты. Дулайы цот сæ мыггаг раивтой. Айтеджы цот та Дзукъатæй баззадысты. Ныр дæр Дзукъатæ Дулатимæ æрвадиуæг кæнынц.[1]
Remove ads
Фиппаинæгтæ
Литературæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads