Дзусатæ
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Дзусатæ кæнæ Дзустæ (уырыс. Дзусовы) сты ирон мыггаг.
Равзæрд
Ацы мыггаг цард Уæлладжыры комы Бадыхъæуы. Сæхицæн æрвад мыггагыл нымайынц Хапсæты мыггаджы. Мыггаг Дзустæ равзæрд Уæлладжыры комы Ос-Бæгъатыры фырт Цæразоны къабазæй.
Иуахæмы, дам, Уæлладжыры комæй, Бады хъæуæй Дыгургоммæ бафтыд Дзусты Болат æмæ æрцард Уæллагкомы зылды Хонсары хъæуы. Фæстæдæр ма Бадæй балыгъдысты Болаты æфсымæры æртæ фырты: Хъасай, Сламæрзæ æмæ Елмæрзæ æмæ уыдон дæр æрцардысты Хонсарыхъæуы сæ фыды æфсымæр Болаты фарсмæ. Сæ цыппар дæр ам устытæ æрхастой æмæ сын фæзынд цæуæт. Болатæн Сеойты чызгæй райгуырд дыууæ фырты: Хуасдзау æмæ Деко. Уыдонæн дæр фæзынд цæуæт. Болаты æфсымæры фырттæн дæр фæзынд цæуæт æмæ цæуæты цæуæт. Бирæтæ сæ ралыгъдысты Дымтæм.[1]
Remove ads
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads