Заманхъул
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Заманхъул кæнæ Арыхъхъ[3][4], раздæры ном: Бердыхъæу (уырыс. Заманкул, тюркаг æвзæгтæй «æвзæр цад») у Цæгат Ирыстоны Рахизфарсы районы хъæу. Заманхъулы цæрджытæй сæ фылдæр сты пысылмæттæ.
Хохы тыххæй кæс Заманхъул (хох).
Remove ads
Этимологи
Хъæуы ном Заманхъул у дыууæ хайæ арæзт: тюркаг дзырдтæ яман, ома, «æвзæр», кюль — «цад». Ахæм донуат уыдис Заманхъулы цæгаты хайы, кæд абон бахус, уæддæр.
Истори
Заманхъулæн уыдис иу-цалдæр номы: «Арыхъхъ», «Хъуысаты хъæу», «Берды хъæу», «Стыр Арыхъхъ» æмæ афтæ дарддæр. Мæхъхъæл æй абон дæр хонынц Берд-юрт, кæсæг æй хуыдтой Берды къуадзæ. Фæлæ рæстæджы цыдимæ Заманхъул ном ныффидар ацы хъæуыл.
Ахуыргæндтæм иу-цалдæр хъуыдыйы ис, ацы хъæуы бындур кæд æвæрд æрцыд, уый тыххæй. Иутæ зæгъынц — 1810 азы, иннæтæ — 1833 азы, чи та зæгъы — 1782 азы.
1782 азы æвæрд æрцыд Заманхъулы бындур — афтæ фыста ахуыргонд Карсанаты Темболат, уымæн æмæ, дам, Заманхъулы цæгатаг хайы ссардтон стыр дуры къæй уæлмæрдты, кæцыйыл фыст уыд 1782 аз. Æцæгæйдæр ис ахæм къæйдуртæ уæлмæрдты, фæлæ уыдон уый амонæг не сты, æмæ ам цардысты ирон адæм.
Цагъаты Анастасия куыд фыссы, уымæ гæсгæ, ам раздæр цардысты, цæугæцард чи кодта, ахæм адæм.
Архивты бæрæггæнæнтæм гæсгæ 1835 азы Хъуысаты Берд ныффыста, уыцы рæстæг Дзæуджыхъæуы коменданты хæстæ æххæстгæнæг дæлбулкъон И. А. Куриловмæ курдиат, цæмæй, абон Заманхъул цы зæххыл ис, уым радта хæхбæстæй ралидзæг адæмæн цæрыны бар. Уыцы гæххæтт æрвыст æрцыд Тифлисмæ, уæды рæстæг Кавказы æфсæддон хæйтты сæргълæууæг барон Розенмæ. Берд уайтагъд разыйы дзуапп райста Розенæй, æмæ Заманхъулы зæххытæм ралыгъдысты.
Фыццаг ацы бæстыхай бацахстой Хъуысатæ, Дзгойтæ æмæ Кодзырты мыггæгтæ, уый фæстæ ардæм æрбалыгъдысты Хъæстуатæ, Сидахъатæ, Бæройтæ, Таутиатæ, Зæнджиатæ, Æгайтæ, Хъантемыратæ æмæ абон кæрæдзийы æмбаргæйæ, хæларæй цæрынц.[5]
Remove ads
Кæс ноджы
- Заманхъулы бæрзонд
- Зылын цырт
- Дурджынбæрзонд
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads