Зынцъар
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Зынцъар (уырыс. Зинцар) у хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы. Ис Уæлладжыргомы.
Remove ads
Истори
Бызæй чысыл мидæгдæр Æрыдоны доны рахиз былыл дæргъæццон уæлвæзы йæхи айтыгъта Зынцъары хъæу. Ис дзы æмбисонды дыргъы цæхæрадæттæ. Ацы чысыл уæлвæз раджы заманы уыдис Урсдоны комы цæрджыты уæрдæтты бынат. Быдырæй-иу цы хоры къæрмæг кæнæ лыстæг товартæ æмæ хæдзары дзаумæттæ баластой, уыдон-иу цалынмæ хæрдмæ æккойæ, бæх кæнæ хæрæгуаргъæй хастой, уæдмæ-иу уыдысты алкæмæн йæ уæрдоны. Сæрдæй, зымæгæй алкæмæн йæ уæрдон уыдис ацы уæлвæзы. Цæмæй сæ цæлхытæ ма хус кодтаиккой, уый тыххæй-иу сæ бамбæрзтой кæрдæгæй кæнæ цъыхырытæй. Бирæтæн уыдис æмбæрзт уæрдондæттæ. Фæстагмæ дзы фæзындис цæрджытæ.
Сæ хуымзæххытæ: Æхсины хуым, Булахъхъы хуссар, Ханайты хуымтæ. Сæ уыгæрдæнтæ æмæ сæ фосхизæнтæ Цæрукъаты зæхх, Алардыйы фæз, Черчесты зæхх, Хъæрæуы рагъ æмæ Мадзаты зæххытæ — æнæбары æфсæстой цæрджыты.[2]
Remove ads
Цæрджытæ
- 1914-æм аз — 21 кæрты — 57 нæл. / 56 сыл.[3]
- 1925-æм аз — 22 кæрты — 65 нæл. / 67 сыл. / 132 ад.[4]
Мыггæгтæ
Цардысты дзы Хъайттатæ, Уататæ, Дзидздзойтæ, Кæсæбитæ, Уырымтæ, Бицъотæ, Пагæтæ, Черчестæ, Цæрукъатæ, Ханайтæ.[5]
Фиппаинæгтæ
Æрвитæнтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads