Икъатæ

From Wikipedia, the free encyclopedia

Remove ads

Икъатæ, дыгурон вариант у Екъатæ[1] (уырыс. Икаевы) сты ирон мыггаг.

Краткие факты Икъатæ, Рагон мыггаг ...

Равзæрд

Дыгургоммæ Икъатæ æрбалыгъдысты Уæлладжыры комæй, Æрхоны хъæуæй. Уыдысты æртæ ’фсымæры уым кæимæдæр фæтуджджын сты æмæ алыгъдысты Дыгургоммæ, æрцардысты Дымты хъæуы. Ардыгæй æртæ æфсымæрæй иу алыгъд Махческмæ, иннæ та — Доныфарсмæ, стæй та — Лескенмæ, пысылмон дин райста. Иннæ дыууæ æфсымæры баззадысты чырыстонтæй.

Икъаты Владимир, Дигорайы сахары цæрæг куыд загъта, уымæ гæсгæ Икъатæ Уæлладжыры комы Тхамоны хъæуы фæтуджджын сты. Афæдзы дæргъы мæрдджынтæн хистытæ фæкодтой, бафыстой сын туджы фиддæн, бафидыдтой сæ туджджынтимæ, фæлæ сын хъæуы хистæрты уынаффæмæ гæсгæ уым цæрæн нал уыд. Дыууæ æфсымæрæй алыгъдысты Дыгургоммæ. Дыгургомы бафтыдысты Уæллагкомы зылдмæ æмæ æрбынат кодтой Хуссары хъæуы. Иннæ цыппар æфсымæры нæ бакуымдтой Дыгургоммæ алидзын, фæлæ фæлыгъдысты сæ фыдæлы хъæумæ — Æрхонмæ. Ацы хъуыддаг, Дыгургоммæ цы æфсымæртæ алыгъд, уыдоны зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ загътой: «Абонæй фæстæмæ нал сты не ’фсымæртæ, Икъаты мыггагыл сæ нал нымайæм». Ацы уынаффæ ныффидар кæныны тыххæй топп фехстой. Хуссарыхъæуы сæ баззад иу æфсымæр, йæ ном — Майрæмыхъо. Йемæ баззад йæ хо дæр. Иннæ дыууæ æфсымæрæй иу ралыгъд Махческмæ, иннæ та — Дур-Дурмæ. Майрæмыхъойæн Хуссарыхъæуы райгуырд цыппар фырты: Бибо, Хуйман, Хъабан, Хазби. Сæ фылдæр фæлыгъдысты Дур-Дурмæ æмæ Чырыстонхъæумæ.

Remove ads

Фиппаинæгтæ

Литературæ

Æрвитæнтæ

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads