Канадæ

From Wikipedia, the free encyclopedia

Канадæmap
Remove ads

Кана́дæ (англ. Canada, фр. Canada) у Цæгат Америкæйы паддзахад, дæс провинци æмæ æртæ территорийæ арæзт. Ис континенты цæгат хайы, æмæ æмарæн у æрмæст АИШ-имæ, хуссары æмæ ныгъуылæны. Уый йеддæмæ ма йæ доны территоритæ æндзæвынц Дани (Гренланди) æмæ Францы (Сен-Пьер æмæ Микелон) доны территоритыл. Йæ сæйраг сахар у Оттавæ, стырдæр та Торонто. Канадæ, йæ фæзуатмæ гæсгæ у дунейы дыккаг стырдæр бæстæ. Цæры дзы 35 милуан цæрæгмæ æввахс. Канадæйы экономикæ у дунейы размæцыддæр экономикæтæй иу, æмæ дзы бындурон бынат ахсынц æрдзон ресурстæ.

Краткие факты Канадæ, Официалон æвзæгтæ ...

Канадæ у парламентарон системæйыл æрмдаргæ конституцион монархи (къаролад). Ус-къарол Елызаветæ Дыккаг у сæ сæргълæууæг. Канадæ у дунейы æппæтдæр этникон хæццæ æмæ бирæкультурон бæстæйыл нымад, ахæм сси йе стыр иммиграцийы тыххæй, Зæххы къорийы адæмыхаттытæй дзы алыхуызоны ссарæн дæр ис.

Канадæ у дывзагон бæстæ, англисаг æмæ францаг æвзæгтæ сты официалон æвзæгтæ. Канадæйы экономикæ у бирæфадыгджын, бæстон у йæ æрдзон ресурстыл æмæ сæудæджерадыл (уæйкæнад) (сæрмагондæй АИШ-имæ, кæцыимæ Канадæ æмдзыгуыр цæдис кæны колонитæ ма куы уыди æмæ Конфедераци куы сæвзæрд, гъеуæдæй-фæстæмæ).

Францаг иртасæг, Сен-Малойы райгуыргæ (ныгæд дæр уым æрцыд, мæгуыр) Жак Картьейæ бындурæвæрд 1534 азы, Канадæ исы йæ гуырæн францаг колонийæ, нырыккон Квебечы сахары бынаты уыд æмæ дзы цардысты бынæттон дзыллæтæ, бæгуыдæр. Англисы колонизацийы периоды фæстæ æртæ бритайнаг колонийы цæдисæй (айразмæ Ног Францы территоритæ кæдон уыдысты) райгуырди канадæйаг конфедераци. Канадæйы хæдбардзинад Иугонд Къароладæй ахицæн ис уæздан æмæ сабыр процессæй 1867-æй — 1982-мæ.

Нырдуджы Канадæ у федеративон паддзахад, æххæстдзыд 10 провинцийæ æмæ 3 территорийæ. Францаг æвзагыл дзурджытæ фылдæр кæм цæрынц, уыцы провинци у Квебек.

Канадæ у НАТО-йы уæнг.

Remove ads

Этимологи

Бæстæном Канадæ цæуы kanata ныхасæй, кæцы нысан кодта «хъæу», «цæрæнуат», ирокезты æвзагыл, Жак Картье цы фыццаг аборигенон знæмтæ федта æрдæгсакъадах Гаспейы 1535-æм азы, уыдон, куы йын амыдтой фæндаг Стадаконæйы хъæумæ. Картье фæстæдæр æуцы ныхасæй спайда кодта канд сæрмагонд хъæуы схонгæ нæ, фæлæ ма йæ алыварс цы зæххытæ уыд, бынæттон фæтæг Доннаконæйы дæлбар, уыдоны. 1545-æм азæй европæйаг картæтæ æмæ чингуытæ амыдтой ацы регион æмæ Сыгъдæг Лаврентийы цæугæдоны былтæ «Канадæ» ныхасæй. Стæй ма æуцы ном аххæссыд, Британийы Империйæ фæткдаргæ, æндæр территоритыл дæр Цæгат Америкæйы.

Remove ads

Административон дих

Канадæйы ис 10 провинцийы æмæ 3 территорийы. Провинцитæн ис фылдæр автономи, территоритимæ абæргæйæ.

Провинцитæ (ныгуылæнæй скæсæнырдæм)

Территоритæ (ныгуылæнæй скæсæнырдæм)

Remove ads

Канадæйы ирæттæ

Торонтойы цæрынц бирæ ирæттæ.

Thumb
Канадæйы парламент, Оттавæ
Thumb
Монреаль
Thumb
Ванкувер
Thumb
Торонто
Thumb
Дæс Цъуппы Тæрф, Националон парк Банф, Альбертæ
Thumb
Ниагарæ
Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads