Касаты Батрадз

From Wikipedia, the free encyclopedia

Remove ads

Касаты Георгийы фырт Батрадз (райгуырдис 1950-æм азы Хетæгкаты Къостайы районы Нароны хъæуы) у ирон журналист, поэт, тæлмацгæнæг.

Краткие факты Касаты Батрадз, Райгуырды датæ ...
Remove ads

Цардафыст

Касаты Батрадз 1950 азы Хетæгкаты Къостайы районы Нароны хъæуы — ныртæккæ уыцы районæн ис æндæр ном æмæ хауы Мæхъхъæлы Республикæмæ. Фæстæдæр Касаты бинонтæ ралыгъдысты Олгинскæмæ. Ам Батрадз каст фæци астæуккаг скъола æмæ дыууæ азы æфсады фæуыны фæстæ кусын райдыдта заводы.

19731978 азты ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты филологон факультеты. Каст æй куы фæци, уæд кусынмæ бацыдис республикæйы телевизион студимæ (19781984), стæй раивта газет «Рæстдзинад»-ы редакцимæ (19841986). Ноджы куыста ЦИПУ-йы чиныгуадзæны (19891993), Цæгат Ирыстоны радиойы. 19932015 азты уыди республикæйы парламенты аппараты культурæйы комитеты консультант[1]. 2015-æм азæй фæстæмæ та кусы газет «Рæстдзинад»-ы уацхæссæгæй.

Батрадз литературон куыстыл фæцалх, скъоладзау ма куы уыди, уæд. 1985 азы йын чиныгуадзæн «Ир»-ы рацыд æмдзæвгæты æмбырдгонд «Уалдзæджы хъæр», 1994 азы — «Зилдухæнтæ», 2008 азы та — «Удцырагъ». Газет «Рæстдзинад»-ы фæзындис уыцы фæстаг æмбырдгонды тыххæй Абайты Эдуарды рецензи[2].

Краткие факты Æддаг видео, Касаты Батрадз радзуры йæ царды хабæрттæ (телеуынынады алæвæрд, 2019-æм аз) ...
Remove ads

Литературæ

Фиппаинæгтæ

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads