Кокайты Тотрадз
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Кокайты Аврамы фырт Тотрадз (райгуырдис 1944-æм азы Четырсы) у ирон поэт, драматург æмæ тæлмацгæнæг.
Remove ads
Цардафыст
Кокайты Тотрадз райгуырди Тырсыгомы. 1952 азы йæ бинонтæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ. Тотрадз Дзуарыхъæуы авдазон скъола каст куы фæци, уæд бацыди педагогон училищейы аивадон-графикон хайадмæ. Уый фæстæ ахуыргæнæгæй куыста Хъобаны. 1969-1974 азты ахуыр кодта Мæскуыйы Горькийы номыл Литературон институты, стæй кусын райдыдта Цæгат Ирыстоны телевизион студийы. Фæстæдæр та куыста чиныгуадзæн «Ир»-ы, журнал «Мах дуджы» редакцийы. 1992 азæй нырмæ у «Ир»-ы сæйраг редактор. Фыссы æмдзæвгæтæ, пьесæтæ.
Йæ поэтикон уацмысты æххæстдæр æмбырдгæндтæ сты «Мæ дзуар» (Дзæуджыхъæу, 1994), «Æрвгæнæн» (Дзæуджыхъæу, 2004).[1]
Remove ads
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads