Кочысаты Мухарбег
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Кочысаты Георгийы фырт Мухарбег (райгуырдис 1920-æм азы 1 майы Ольгинскæйы — амардис хæсты быдыры Украинæйы 1944-æм азы 17 апрелы) уыд ирон журналист æмæ поэт.
Remove ads
Цардафыст
1938-æм азы Мухарбег хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæци техникум. Уыцы аз бацыди Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты ирон æвзаг æмæ литературæйы хайадмæ. Ам дæр ахуыр кодта хорз, иста Къостайы стипенди. Æнувыдæй архайдта институты ирон литературон къорды куысты.
Фæмард украинаг сахар Ямполь хъахъхъæнгæйæ. Æртындæс боны фæстæ йыл хъуамæ сæххæст уыдаид 24 азы.[1]
Сфæлдыстад
Поэт Кочысаты Мухарбеджы сæйраг темæтæ уыдысты:
- Поэт æмæ поэзийы темæ («Мæ фæндырмæ», «Къоста Херсоны»);
- Интимон лирикæ («Æз федтон дæу, æмæ та ногæй», «Талынг æхсæв алыгъд», «Æз уарзын», «Бахсæв и», «Сау цæстытæ» æмæ æндæртæ);
- Фыдыбæстæ æмæ патриотизмы темæ («Фыдыбæстæ», «Адæмы маст», «Фæстаг салам»);
- Мады темæ («Хъæмæ», «Фыстæг мæ мадмæ»).
Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæтæ («Фыдыбæстæ», «Фыстæг мæ мадмæ») систы цалдæр зарæджы бындур.
Remove ads
Литературæ
- Джыккайты Шамил. Ирон литературæйы истори (1917—1956 азтæ). Дзæуджыхъæу: Ир, 2003. Ф. 353—358.
- Кочысаты М.Г. Уацмыстæ. Чиныг сарæзта, разныхас æмæ йын фиппаинæгтæ ныффыста Хъодзаты Æ. Орджоникидзе, «Ир», 1977. 119 ф.
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads