Краснодар

From Wikipedia, the free encyclopedia

Краснодарmap
Remove ads

Краснода́р (1920-æм азы агъоммæ — Екатеринодар) у сахар Уæрæсейы, Краснодары крайы административон центр[2]. Цæрынц дзы 829,7 мин цæрæджы (2016). Краснодарæй Сау денджызмæ 120 км ис, Азовы денджызмæ — 140 км æмæ Мæскуымæ та — 1300 км[3]. Краснодар æд йæ алфамбылай лæугæ хъæутæ у муниципалон сконд сахар Краснодары мидæг, скондæн ис сахарон зылды статус.

Краткие факты Краснодар, Паддзахад ...

Краснодары сахар у Цæгат Кавказ æмæ Хуссар федералон зылды ахсджиаг экономикон æмæ культурон центр. Хонынц æй Хъобаны сæйраг сахар дæр[4][5], æмæ Уæрæсейы Хуссары сæйраг сахар дæр[6][7][8][9][10].

РБК куыд фехъусын кодта, 2013-æм азы Краснодар уыдис æппæт Уæрæсейы тæккæ рæзгæ сахар[11].

Remove ads

Географи

Thumb
Космосæй ист Краснодары къам, спутник Sentinel-2, 2018 азы 8 сентябры

Краснодар æрбынат кодта Скæсæйнаг-Европæйаг быдыры, Хъобаны дæлвæзы, Краснодары крайы астæумæ хæстæг, цæугæдон Хъобаны рахиз фарсыл. Сахары рельеф у сабыр, быдираг, ныллæгдæр кæны цæгатырдæм. Денджызы æмвæзадæй Краснодар у 19-32 м бæрзонддæр.

Цæгатæй хуссармæ Краснодар кæны 20,6 км, скæсæнæй ныгуылæнмæ та — 30,1 км. Сахары фæзуат у 339,31 км²[12].

Краснодар кæм лæууы, уыцы ран зæххæнкъуыстытæй тæссаг у. Тыхджын зæххæнкъуыст сахары никуы уыдис, фæлæ 1978-æм æмæ 2002-æм азты регистрацигонд æрцыдысты 4-5 баллы кæмæн уыд, ахæм зæххæнкъуыстытæ[13].

Сахары бынат тынг пайдайаг у экономикон цæстæнгæсæй. Сау денджызмæ сахарæй фæндаг у 78 км даргъ.

Бæстыхъæд

Красондар лæууы ромыл бæстыхъæды хуссар арæныл, ис ын континентонæй субтропиконмæ рацæугæ бæстыхъæд (Cfa Кёппены классификацимæ гæсгæ).

Краснодары вæййы даргъ æмæ тæвд сæрд, цыбыр æмæ фæлмæн зымæг, кæцы райдайы январы фыццаг бонты.

Экологи

Краснодары экологи йæ сæрæн нæу. Æппæты актуалон проблемæ у, хæдтулгæтæ цы фæздæг калынц, уый. Сæйрагдæр магистралтæ кæм цæуынц, уыцы рæтты зианхæссæг буаргъæдтæ сты æдас къæпхæнæй фылдæр[14].

2015 азы кæронмæ алы 1000 краснодайрагмæ хауы 437 хæдтулгæйы, ома Уæрæсейы алы æндæр горæтæй фылдæр (Мæскуыйы мин адæймагмæ ис 417 хæдтулгæйы). Сæрды та хæдтулгæты нымæц рæзы иннæ регионтæй рбацæугæ адæмы руаджы[14].

Уæддæр Æрдзон ресурсты министрадмæ гæсгæ Краснодары уæлдæф у бæстæйы æртыккаг сыгъдæгдæр (500 мин адæймагæй фылдæр кæм цæры, уыцы сахарты хсæн)[15].

Гидрографи

Сахары ууылты цæуы Хъобаны цæугæдон, Цæгат Кавказы стырдæр дон. Йæ дæргъ у 870 км, бассейны фæзуат та — 57900 км². Цæугæдоны быдираг хайыл ис цалдæр донæвæрæны.

Thumb
Thumb
Thumb
Thumb
Краснодары донæвæрæн. Хъобаны цыд сахары мидæг. Хъобаны цæугæдон.

Микрорайон Хъобаны былгæрон.

Уæллаг Покровскоейы цады уынд

(Карасун).

Remove ads

Истори

Рагон истори

Ныгуылæн-Кавказаг археологион экспедицийы рардтытæм гæсгæ сахары мидæг ссардæуы меотаг цæрæнраны хæлддзæг, уыцы цæрæнраны адæм цардысты IV-III æнусты нæ эрæйы агъоммæ. Краснодармæ ’ввæхс Хъобаны дон-дон уыдис Боспораг паддахады фидаргонд сахар.

Ног рæстæг
Thumb
Хъобаны хъазахъхъаг æфсады 200 азы сæххæсты кадæн обелиск

1860 азы Екатеринодар сси Хъобаны облæсты центр. Сахары статус уый райста 1867 азы. Регионмæ æфсæнвæндаг куы бауагътой, Краснодар райрæзти æмæ сси æппæт Цæгат Кавказы ахсджиаг транспортон æлхынцъ[16].

Thumb
Сырхæфсæддонты кадæн обелиск.

Мидхæсты рæстæг Екатеринодар уыд Урс Хуссары сæйраг сахар[17][18][19][20].

1920 азы 17 мартъийы сахар байстой РККА-йы æфсæддонтæ. Хицæуиуæг кæнын байдыдта Хъобаны æххæстгæнæг комитет. Уыцы иу аз Мидхъуыддæгты наркоматы уынаффæмæ гæсгæ сахары ном баивтой Краснодарыл[21].

Советон дуг

1922-36 азты Краснодары бадтис Адыгъейаг автономон облæсты æххæстком дæр, ома сахар Адыгъейы сæйраг сахары роль хъазыди, фæлæ Адыгъейаг облæсты сконды нæ уыдис[22].

1933 азы скуыста аэропорт «Пашковский».

1942 азы 9 августы сахар байстой немыц æмæ се ’мцæдисонтæ. Оккупацийы рæстæг фæмардысты 13 минæй фылдæр советон граждæнтæ[23]. 1943 азы 12 февраля сахар ссæрибар кодтой Сырх æфсады хæстонтæ.

Remove ads

Цæрджытæ

Советон Цæдис куы фехæлдис, уæд æппæт Уæрæсейы цæрджыты нымæц кодта къаддæр, фæлæ Краснодары цæрджыты нымæц æрмæстдæр рæзы. Сахармæ цæрынмæ æрбацæуынц, Цæгаты чи фæкуыста, уыцы адæм[24][25].

Иу кæнæ дыууæ хатты сахары администраци не схъæр кодта, милуан цæрæгæй фылдæр горæты кæй ис, уый[26]. Фæлæ цæрджыты сфыстмæ гæсгæ уыцы нымæц адæм нæма цæрынц Краснодары.[27].

Националон сконд

2010-æм азы сфыстмæ гæсгæ:[28]

Подробнее Адæмыхатт, Нымæц, ад. ...

Фиппаинæгтæ

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads