Къамсхо
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Къамсхо кæнæ Къамцыхо (уырыс. Камсхо) у Цæгат Ирыстоны Алагиры районы хъæу. Ис Мамысонгомы.
Remove ads
Истори
Лисрийы стыр хъугомыл фæндаг цæуы хæххон чысыл хъæу Къамцыхомæ. Йæ цæрджытæ Рæмонтæ æмæ Моураутæ царды фадæттæй ницæмæй цух уыдысты. Сæ хуымзæххытæ: Дзыхъхъы хуымтæ, Æддаг Мухкъо, Къамцыхойы адаг, Церекты хуым уыдысты сæ алыварс, Къамцыхойы, Хъæзджыны æмæ Сæгуытты суæрттæ — сæ цуры. Мамысонгомы дон сæ разы. Саудуры ком, Цыдийы рагъ, Уартау, Къамцыхойы адаг æмæ Цъыфтæ — сæ фосæн парахат хизæнтæ.
Рæмонты уыгæрдæн Саудуры фæз, Цъынауат, Хосгæрст æмæ Лæгæтгомы уыгæрдæн уыдысты хæстæг æмæ æнцонгуыст рæтты.
11-æм æфсады хæйттæ Мамысоны æфцæгыл Гуырдзыйы меньшевикты дæрæн кæнынмæ куы цыдысты, уæд ацы чысыл хъæуы 1921 азы 22 февралы Моурауты Бекамæ æхсæвиуат бакодта С. М. Киров.[2]
Remove ads
Мыггæгтæ
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads