Къаспы денджыз

From Wikipedia, the free encyclopedia

Къаспы денджызmap
Remove ads

Къаспы денджыз[1] кæнæ Хъаспы денджыз[2] (хъазах. Каспий теңізі, уырыс. Каспийское море, туркм. Hazar deňzi, перс. دریای خزر, азерб. Xəzər dənizi) у, цæхджын дон кæмæн ис, ахæм егъау цад Кавказæй скæсæнырдæм. Цады былтæ хауынц фондз паддзахадмæ (Азербайджан, Иран, Туркменистан, Уæрæсе æмæ Хъазахстан). Дунейы стырдæр цад у, æмæ, йæ асы фæрцы, хонынц æй «денджыз».

Краткие факты Къаспы денджыз, Морфометри ...

Къаспы денджызы ныртæккæйы фæзуат у 371 000 км², стырдæр арф — 1025 м, былты дæргъ — 6500—6700 км. Денджызæн йæ скæсæн былгæроны ис стыр, фæлæ тæнæг бакæлæн Кара-Богаз-Гол.

Егъау цадмæ æфтынц 130 цæугæдоны. Уыдонæй стырдæртæ сты Волгæ, Терк (Уæрæсе), Урал, Эмбæ (Хъазахстан), Къуар (Азербайджан), Самур (Уæрæсе æмæ Азербайджаны арæн), Атрек (Туркменистан) æмæ æндæртæ. Волгæ, Урал, Терк æмæ Эмбæ дæттынц, Къаспы денджызмæ афæдзы дæргъы цы дон æфты, уымæй 88—90 %.

Къаспы денджызы былтыл цы сахартæ и, уыдонæй стырдæр у Азербайджаны сæйраг сахар Баку.

Thumb
Василий Суриковы ныв «Стенькæ Разин»
Remove ads

Фиппаинæгтæ

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads