Къуайса
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Къуайса у Хуссар Ирыстоны Дзауы районы сахар. Ис Къуыдаргомы, Стырдоны былыл.
Къуайсайы мэр у Гæджиты Чермен.
1950-æм азы 12 октябры раздæры Часавалы хъæусоветы Къуайсайы хъæуы бынаты сæвзæрди посёлок Къуайса[2]. Сахары статус посёлокæн радтой 2007-æм азы 16 сентябры[3].
Йæ алфамбылай хæхтæ сты зды æмæ цинчы æрзæтæй хъæздыг.
Къуайсамæ ’ввæхс ис стыр хæххон цад — Къозы цад.
Къуайсайæн ис æфсымæрон ахастытæ Мæскуыйы облæсты посёлок Томилиноимæ.
Remove ads
Цæрджытæ
Социалон объекттæ
- Зды æмæ цинчы æрзæты райгуырæн бынæттæ Къуайсайы,
- Къуайсайы ГЭС,
- Къуайсайы рæзты æвæрд æрцыд газуадзæн «Дзуарыхъæу—Цхинвал», кæцы фæрцы Хуссар Ирыстон исы æрдзон газ æргомæй Уæрæсейæ (уый фæрцы газ райстой хъæутæ, æмæ чысыл посёлоктæ Алагиры районы, Цæгат Ирыстоны),
- Уый æдде ма самайдæуыд автовæндаг Зæрæмæг—Къуайса кæцы сси ноджы ма иу фæндаг Цæгат Ирыстонæй Хуссармæ.
- Астæуккаг скъола,
- Сывæллæты цæхæрадон,
- Культурæйы галуан,
- Арæзт цæуы аргъуан[10],
- Уазæгуаты хæдзар,
- Бассейн,
- Поликлиникæ,
- Афтек,
- Чиныгдон.
Remove ads
Æддаг æрмæг
- «Осетия-Квайса». Къуайсайы тыххæй (уырыс.)
Æфсымæрон сахартæ
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads