Мæнæргъы
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Мæнæргъы, мæнæргъ[1] дыгур. нинæгъ (лат. Rubus idaeus, уырыс. Малина) у, сырхбын гагатæ чи дæтты, ахæм зайæгой.
Мæнæргъы нымад у бирæазон зайæгойыл. Йæ сæйраг æмæ фæрсаг уидæгтæ аныгъуылынц арф æмæ фæстагмæ амæлынц. Уыдоны бæсты ног таутæ рауадзынц ног уидæгтæ. Зæнгæй зæххы бын цы хай вæййы, уый ма иу азмæ ауадзы æндæр уидæгтæ дæр.
Мæнæргъы арæх у Ирыстоны уæлвонг-хæххон бынæтты.
Мæнæргъыйæ пайда кæнынц ног тындæй. Аразынц дзы вареннæ (мураба), компот æмæ адджын дæттæ (сироптæ). Мæнæргъыйы донæй ма аразынц лимонад, сæлдæг æмæ къуымæл. Мæнæргъыйы гагаты ис бирæ витаминтæ, лимоны, фолион, фæткъуыйы, аскорбинон туагæдтæ, каротин, глюкозæ, фруктозæ, сахарозæ æмæ æндæр пайдайаг буаргъæдтæ[2].
- Мæнæргъы
- Гагадыргътæ
- Дидинджытæ
- Мæнæргъы
Remove ads
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads