Мæргъитæ

From Wikipedia, the free encyclopedia

Remove ads

Мæргъитæ[1] (уырыс. Маргиевы, гуырдз. მარღიშვილი[1]) сты ирон мыггаг, цардысты Тлигомы.

Равзæрд

Мæргъиты мыггаджы фыдæл Мæргъийæн уыд дыууæ æфсымæры: Пуха æмæ Хъуысса. Ацы æртæ æфсымæры цардысты Дæргъæвсгомы Бырнауыхъæуы. Мæргъи уым кæйдæр амардта æмæ йæ кæстæр æфсымæр Пухаимæ ралыгъд Хуссар Ирмæ æмæ æрцардысты Тлигомы. Астæуккаг æфсымæр — Хъуыссайы акодтой йæ мады ’рвадæлтæ, æмæ баззад Цæгат Иры. Пуха йе ’фсымæр Мæргъиимæ бирæ нæ фæцард Тлигомы, алыгъд æндæр ранмæ. Æфсымæртæ кæй уыдысты сæ фыдæлтæ, уый хъуыдыгæнгæйæ ацы æртæ мыггаджы ’хсæн ускуырд нæ цыд. Дæргъæвсы се ’рвадæлтыл нымад цæуынц Быцентæ, æмæ уымæ гæсгæ ацы мыггагимæ дæр се ’хсæн ускуырд æмæ чызглæвæрд нæ цæуы. Тлийæ Мæргъитæй чидæртæ алыгъдысты Ленингоры районмæ æмæ æрцардысты Уæллаг Цъолды (5 хæдзары), Дæллаг Цъолды (19 хæдзары) æмæ Громмæ æввахс хъæу Æхсæрджыны (иу хæдзар). Мæргъитæй бирæтæ алыгъд Цæгат Ирмæ, цæрынц ма Андореты дæр. Мæргъитæ Тлийæ рахастой сæ дзуары бынæй тулдз талатæ æмæ сæ ныссагътой Цъолды. Тулдз бæлæстæ сзадысты æмæ уыцы бынат схуыдтой «Тлийыдзуар», кувынц ын æрвылаз Атынæджы бæрæгбоны.[2]

Remove ads

Фиппаинæгтæ

Æрвитæнтæ

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads