Мæхъхъæл
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Мæхъхъæл кæнæ Хъулгъа (мæхъхъ. Гӏалгӏай Мохк, Гӏалгӏайче) у Уæрæсейы Федерацийы субъект Цæгат Кавказы астæу, Цæцæн æмæ Цæгат Ирыстоны ’хсæн.
Ацы статья у Мæхъхъæлы Республикæйы тыххæй. Адæмы хатты тыххæй кæс: Мæхъхъæлон адæм.
Маргъы тыххæй кæс: Мæхъæл (маргъ).
Йæ фæзуатмæ гæсгæ Мæхъхъæл у федерацийы æппæты чысылдæр субъект (Мæскуы æмæ Бетъырбух нæ нымайгæйæ).
Мæхъхъæлы цæрджытæй сæ фылдæр сты мæхъхъæлон адæм (77,3%). Цæрынц дзы цæцæн дæр (20,4%). Æдæппæт цæрджыты нымæц у 465 мин адæймаджы (2005).
Мæхъхъæлы сæйраг сахар у Магас (2002-æм азæй фæстæмæ).
1944-æм азмæ, мæхъхъæлон адæмы депортацийы онг, Цæгат Ирыстоны Горæтгæроны районы скæсæйнаг хай уыд Мæхъхъæлы районтæй иу. Уый сси Ирон-Мæхъхъæлон конфликты аххостæй иу.
Remove ads
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads