Мыдыбындз

From Wikipedia, the free encyclopedia

Мыдыбындз
Remove ads

Мыдыбындз, вариант: мыдгур[1], дыгуронау: мудбиндзæ (лат. Apis mellifera) у пайдахæссæг саск, адæймагæн дæтты мыд, мыдадз æмæ æндæр буаргъæдтæ.

Краткие факты Мыдыбындз, Зонадон классификаци ...

Мыддарды куыстæн цы стыр нысаниуæг ис хъæууон хæдзарады, ууыл бирæ фыстæуы мыхуыры. Мыд бирæ низты ныхмæ кæй у, уый бæстон æмбæрстгонд у алы адæймагæн дæр. Уый сбæлвырд кодта нæ медицинæ дæр æмæ сиды алы мыдгæс, алы цæрæгмæ дæр, цæмæй стыр хъусдард аздахой ацы ахсджиаг хъуыддаг райтынг кæнынмæ. Æмæ нæ мыдгæстæ дæр фæстаг рæстæджы ноджы егъаудæр хъусдард аздæхтой мыддарды куыст райтынг кæнынмæ æмæ сæ иузæрдион куысты руаджы сæ чыргъæдтæй райсынц дзæвгар мыд.

Remove ads

Гуылтæ

Мыдгæстæ сæ зæрдыл хъуамæ дарой, зæронд гуылты раивын кæй хъæуы, уый. Уымæн æмæ зымæджы иуæй-иу фæлгæттыл фæзыны рæмпæг дæр, стæй æнæуи дæр ныссау вæййынц æмæ сыл афтæмæй зивæгæй фæбадынц мыдыбындзытæ. Ахæм гуылтæн сæ чыртæ дæр слыстæг вæййынц æмæ сæ уый тыххæй ивын хъæуы æрвылаз дæр.

Цæугæ мыддард

Мыдгæстæй кæй фæнды фылдæр мыд райсын, уый сæ ласынц хуыздæр хизæнуæттæм, æфцæгрæбынтæм, алыгъуызон дидинджытæ парахатæй кæм ис, ахæм ранмæ æмæ мыддарды зынаргъ продукци райсынц фылдæр.

Фиппаинæгтæ

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads