Мызур
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Мызур кæнæ Мызуры бын[2], Мызурыбын[3] у æрзæткъахджыты посёлок Цæгат Ирыстоны Алагиры районы. Мызуры лæууы æрзæтдзæбæхгæнæн фабрикæ, «Электроцинк»-æн æрзæт чи цæттæ кæны, уый.
Рагон хъæуы тыххæй кæс Уæллаг Мызур.
Цæрынц дзы 2,7 мин адæймаджы (2005-æм азы статистикæмæ гæсгæ).
Remove ads
Истори
Кæддæр Стыр Мызур æмæ Мызуры хъæуты алыварс бæрзонд къæдзæхты фæстæ стыр æмæ тæгтæ уæлвæзты, арф æрхыты æмæ хохрæбынты куы сырæзтысты Мызуры приходы хъæутæ, уæд се ’ркомкоммæ Æрыдоны доны тæккæ галиу былыл, къæдзæхты хъæбысы, цалдæр уæрдоны суадзыны фаг цы чысыл уæлвæз уыдис, уый хуыдтой Мызурыбын.
Фæстæдæр Садоны æрзæткъахæнтæ кусын куы райдыдтой, уæд уæлвæз ралæгъз кодтой, къæдзæх арф бакъахтой æмæ дзы сарæзтой æрзæтссæн фабрик. Фабрикаразджытæн æмæ йæ кусджытæн бахъуыд рæстæгмæ цæрæн бынæттæ аразын. Рæстæг куыд цыдис, афтæ уæлвæзы иу иннæйы фæдыл аразын байдыдтой кусджыты хæдзæрттæ, æмæ Мызурыбын сси кусджыты стыр хъæу. Фабричы тых сырæзти ног нырыккон техникæйы руаджы. Ныртæккæ ссы Садоны, Æрхоны, Холысты æмæ Зджыды æрзæткъахæнты æрзæт.
Садоны æмæ Зджыды æрзæт фабрикмæ цæуы хæхты сæрты ауыгъд телтыл вагæтты. 1941 азы 17 майы УСФСР-ы Сæйраг Советы Президиумы Указмæ гæсгæ Мызурыбын сси Мызуры посёлок.
Ныр ам ис кусджыты стыр æмæ райдзаст клуб, фарастуæладзыгон цалдæр хæдзары, æфснайæн кассæ, посты хай, кинотеатр, скъола, сывæллæтты цæхæрадон, посёлочы депутатты æххæстком, алыхуызон дуканитæ. Кæртытæ æмæ уынгтæ æмбæрзт сты асфальтæй.
Посёлочы царды фадæттæ æмных лæууынц горæты цæрджыты царды фадæттимæ. Горæттæ Алагир, Беслан, Дзæуджыхъæу æмæ бирæ хъæутæй Мызурмæ цæуынц автобустæ. Мызуры посёлокмæ цæгатæй бæрзонд къæдзæхы риуæй зыны Къорайы хъæу. Ам кæддæр цардысты Хъуппетæ. Сæ хæдзары хæлдтыты ’хсæн æрдæгкалдæй лæууы сæ мæсыг.[3]
Remove ads
Цæрджытæ
Фиппаинæгтæ
Æрвитæнтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads