Охос-дель-Саладо

From Wikipedia, the free encyclopedia

Охос-дель-Саладоmap
Remove ads

О́хос-дель-Сала́до (исп. Ojos del Salado) у зæххыл тæккæ уæллоздæр вулкан æмæ Хуссар Америкæйы дыккаг хох бæрзæндмæ гæсгæ (хох Аконкагуæйы фæстæ).

Краткие факты Охос-дель-Саладо, Кæм ис ...

Лæууы Аргентинæ æмæ Чилийы астæу, цъупп ис Аргентинæйы æрдыгæй. Йæ бæрзонд у 6893 м. Вулканæй ныгуылæны ’рдæм суанг Сабыр фурды былгæрæттæм йæхи айтыгъта æдзæрæгран Атакамæ.

Вулкан хуыстыл нымад у, уымæн æмæ хъусдарды историмæ иу сирвæзт дæр нæма æрцыдис. Фæлæ иуæй-иу хатт, пассивон вулканон куыст, уæддæр фиппайд цыдис. Афтæ 1937, 1956 æмæ 1994-æм азты уыдысты чысыл сондоны æмæ дондæфы сирвæзтытæ.

Вулкан басæттын бантыстис 1937 азы польшæйæгтæн Юстин Войжнис æмæ Ян Щепаньскийæн. Цъупмæ фæндагыл альпинисттæ ссардтой, инктæ сæ динмæ гæсгæ кусарт-иу кæм кодтой, ахæм бынæттæ. Гæнæн ис, æмæ индейæгтæм вулкан Охос-дель-Саладо нымад цыдаид табуйаг хохыл.

2007-æм азы 21 апрелы чилиаг спортсмен Гонсало Браво сарæхстис модификацигонд Судзуки Самурайыл (Suzuki SJ) Охос-дель-Саладойы фахсыл схизын 6688 м, æмæ афтæмæй сæвæрдта дунеон рекорд.

Remove ads

Кæс ноджы

Фиппаинæгтæ

Æрвитæнтæ

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads