Бетъырбух

From Wikipedia, the free encyclopedia

Бетъырбухmap
Remove ads

Бетъырбух (уырыс. Санкт-Петербург) у Уæрæсейы империйы кæддæры сæйраг сахар, Нева Финнаг бакæлæнмæ кæм æфты, уыцы ран. Абон дæр Уæрæсейы мидæг Бетъырбух тынг ахадгæ сахар у, бæстæйы дыккаг стырдæр. Бетъырбух у, йæ цæрджыты нымæц иу милуанæй фылдæр кæмæн у, дунейы ахæм цæгатагдæр сахар. Цæрынц дзы 5 милуан адæймагæй фылдæр.

Краткие факты Бетъырбух, Паддзахад ...

Бетъырбух хæссы Хъæбатыр сахары кадджын ном, йе сконды ис æртæ Хæстон намысы сахары (Кронштадт, Колпино, Ломоносов).

Æрæджы Бетъырбухмæ ралидзын кодтой Уæрæсейы Федерацийы Конституцион тæрхондон.

Remove ads

Боныхъæд

Боныхъæд у ромыл æмæ уымæл. Хурджын бонты растæмбис нымæц афæдзы дæргъы у 62. Зымæгон бонтæ сты иттæг талынг, фанартæ судзынц суткæйы 18 сахаты.

Истори

1703-æм азы 27 майы паддзах Пётр I указмæ гæсгæ Пётр æмæ Павелы гæнахæн йæ бындур сæвæрдтой Невайы дельтæйы. Уыцы цау нымад у Бетъырбухы бындурæвæрды боныл.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг уыдис Ленинграды блокадæ.

1955-æм азæй кусы Бетъырбухы метро.

Бетъырбухы бынат ирон культурæйы

Thumb
Бетъырбух. Зымæгон галуан
Thumb
Цæугæдон Мойкæ

Бетъырбух ахсы зынгæ бынат нырыккон ирон культурæйы. Ам ахуыр кодтой Хетæгкаты Къоста, Брытъиаты Елбыздыхъо, Абайты Васо æмæ бирæ æндæртæ. Ам XX æнусы райдиан мыхуырæй цыдис фыццаг ирон журналтæй иу — «Хуры тын», зæгъгæ (йæ редактор уыди Брытъиаты Е.).

Ныр дæр Бетъырбухы бирæ ирæттæ цæрынц. Ис дзы Цæгат Ирыстоны минæварад[2] æмæ ирон æхсæнад дæр.

Æддаг æрмæг

Фиппаинæгтæ

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads