Рио-де-Жанейро
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Рио-де-Жанейро (порт. Rio de Janeiro, [ˈʁiu dʒi ʒaˈneiɾu] «январы/тъæнджы мæйы цæугæдон») у Бразилийы сахар, йæ раздæры сæйраг сахар (1764-1960), Бразили æмæ Хуссар Америкæйы дыккаг стырдæр сахар æмæ сахарон агломераци (Сан-Паулуйы фæстæ).
Штаты тыххæй кæс Рио-де-Жанейро (штат).
Рио-де-Жанейро зындгонд у йæ карнавалæй æмæ туристон былгæрæттæй (Ипанемæ æмæ Копакабанæ). Æндæр зындгонд фенддæгтæ сты Чырыстийы егъау статуй Корковадойы хохыл, Мараканайы стадион æмæ æндæртæ.
Кæд Рио-де-Жанейро рагæй бирæ туристтæ йæхимæ сайы, уæддæр у Бразилийы проблемæджындæр сахартæй иу. Иннæ проблемæты ’хсæн ис уæззау фыдракæндты бæрц æмæ мæгуыр кварталтæ («фавелæтæ»). Уыцы æууæлты бынæттон полицæ дæр архайы æнæхатырæй[2], æрмæст 2007-æм азы дæргъы æппæт штаты полицæйы кусджытæ рамардтой 1330 адæймаджы[3], 2006-æм азы та — 1063. Уыцы нымæц комментатортæ абарынц АИШ-ы статистикæимæ — 2006-æм азы æппæт уыцы паддзахады полицæйы кусджытæ амардтой 347 адæймаджы[4][5]. Рио-де-Жанейройы рæстæмбис полицæйы кусæгæн йæ афæдзы мызд у R$10,488 (6000 америкаг доллары бæрц)[6].

Remove ads
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads