Сатъат
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Сатъат у Цæгат Ирыстоны Алагиры районы хъæу. Ис Мамысонгомы.
Remove ads
Истори
Зæрæмæгæй чысыл фалдæр, дæлвæндаг, Æддаг æмæ Мидæггаг Сатъаты, доны был Тъæпæн хъæуы цардысты æфсымæртæ: Туатæ, Къæбыстæ, Уалытæ æмæ Харебатæ. Фæстæдæр, XVI æнусы Къæбыстæ, Уалытæ æмæ Харебатæ зæххагур ацыдысты Хуссар Ирыстонмæ æмæ æрцардысты, Дзауы районы Хуыцъейы. Уырдыгæй Къæбыстæ алыгъдысты Сыгъдтæм, Уалытæ Чысангоммæ Зонкъары хъæумæ.
Фалдæр, уæлвæндаг, къæдзæхы фидарыл сæ лыстæг мæсыджы алыварс æрбатымбыл сты Цæргæстæ. Ацы цалдæр хъæуæн сæ иумæйаг ном у Сатъат. Туаты 3 мæсыджы дзы хæдзæртты астæуæй сæхи гæзæмæ æвдисынц.
Сæ хуымзæххытæ — Æддаг хъугом, Къапиты цæгат, Лыстæг адаг æмæ Цæргæсты хуымтæ — сæ алыварс. Цæргæсты ададжы дон æмæ Бобайы суадон — сæ цуры, Мамысонгомы дон — сæ быны. Куырæйттæ — хæстæг.
Туаты сæрвæт. Ракъадаг, Пушы ком, Авдæнуæттæ, Гæмæхтæ æмæ Хæйрæджджын адаг — сæ хосгæрст æмæ сæ фосхизæнтæ.
Сатъаты комкоммæ Пушы хъæуы цардысты Мамиатæ, Мецъытæ æмæ Цæргæстæ.
Сæ хуымзæххытæ, сæрвæттæ æмæ уыгæрдæнтæ уыдысты Пешы комы. Сæ куырæйттæ — Мамысоны доны был. Мецъытæ Пушмæ балыгъдысты Мызурæй, Мамиатæ та — Нарæй.[2]
Remove ads
Мыггæгтæ
Цардысты дзы Туатæ, Къæбыстæ, Уалытæ, Харебатæ, Цæргæстæ.[3]
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads