Смоляны облæст
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Смоляны облæст (болг. Област Смолян) у Болгарийы хуссары хæххон облæст. Йæ административон центр у сахар Смолян (32 824 цæрæджы[2]), лæууы болгайраг сæйраг сахар Софияйæ хуссар-ныгуылæнырдæм.
Облæст цы территори ахсы, уый фæзуат у 3193 км²[3].
Смоляны облæст æмарæн у
- ныгуылæны — Благоевграды облæстимæ;
- цæгат-ныгуылæны — Пазарджичы облæстимæ;
- цæгаты — Пловдивы облæстимæ;
- скæсæны — Кырджалийы облæстимæ;
- хуссары та — Гречъимæ.
Remove ads
Цæрджытæ
2008 азы июлмæ облæсты цардысты 130 043 адæймаджы[4].
Сахар Смоляны йеддæмæ облæсты ис ма æндæр авд сахары — Девин (7090 цæрæджы[2]), Доспат (2527 цæрæджы[2]), Златоград (7808 цæрæджы[2]), Мадан (6929 цæрæджы[2]), Неделино (4784 цæрæджы[2]), Рудозем (4058 цæрæджы[2]), Чепеларе (5664 цæрæджы[2]). Уыимæ ма Смоляны облæсты территорийыл ис 234 хъæуы[3].
Административон æгъдауæй облæст дихгонд у 10 хъæубæстæйыл:

- Баните (хъæубæстæ) (5337 адæймаджы[4]).
- Борино (хъæубæстæ) (3834 адæймаджы[4]).
- Девин (хъæубæстæ) (13 599 адæймаджы[4]).
- Доспат (хъæубæстæ) (9634 адæймаджы[4]).
- Мадан (хъæубæстæ) (13661 адæймаджы[4]).
- Неделино (хъæубæстæ) (7677 адæймаджы[4]).
- Рудозем (хъæубæстæ) (10 533 адæймаджы[4]).
- Смолян (хъæубæстæ) (44 233 адæймаджы[4]).
- Чепеларе (хъæубæстæ) (8260 адæймаджы[4]).
- Златоград (хъæубæстæ) (13 275 адæймаджы[4]).
Remove ads
Фенддæгтæ
Смоляны облæст у цымыдисæг хæххон регион. Ис дзы Болгарийы зымæгон туризмы зынгæдæр артдзæст курортон комлпекс Пампорово. Архитектурон æмæ историон фенддæгтæ дæр дзы бирæ ис[5].
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads