Сомалиленд

From Wikipedia, the free encyclopedia

Сомалилендmap
Remove ads

Сомалиле́нд (англ. Somaliland, сомал. Soomaaliland, арабб. صوماليلاند) у æнæбанымад де-факто паддзахад (йæ хæдбардзинадыл дунейы паддзахæдтæ нæма сразы сты) Африкæйы цæгат-хурыскæсæны, Сомалийы цæгаты.

Краткие факты Сомалиленды Республикæ, Официалон æвзаг ...

Йæ сæйраг æмæ стырдæр сахар у Харгейсæ.

Йæ сыхæгтæ сты Джибути, Эфиопи æмæ Сомали. Цæ фæзуат йæхи хоны, уый у 176 120 кв. км, цæрджыты нымæц та — 5,7 милуаны (2021)[1].

Раздæры Бритайнаг Сомалийы колони, Сомалиленд йæ хæдбардзинады тыххæй тох кодта 1961 æмæ 1981-æм азæй фæстæдæр. 1991-æм азæй цæ фæзуат йæхи хоны, уый у Сомалиленды дæлбар, бæстæйы хицауад у демократон хуызы æвзæрст.

Кæд Сомалиленды хæдбардзинадыл ничи ма сразы и, бирæ хицауæдтæ æмæ фирмæтæ ацы бæстæимæ кусынц, Эфиопи дзы байгом кодта йæ базарадон минæварад.

Сахарты чи цæры, уыцы цæрджыты ’хсæн бирæтæ дзурынц дыууæ кæнæ æртæ официалон æвзагыл: англисагау, араббагау æмæ сомалиагау. Хъæуты цæрджытæ дыууæ æвзаджы стæм хатт зонынц. Скъолаты фылдæр хай кусынц англисагау.

Сæ динмæ гæсгæ сомалилендæгты фылдæр хай сты суннæйаг пысылмон.

Remove ads

Административон дих

Thumb
Сомалийы регионтæ
Подробнее Картæйыл, Штат ...
Remove ads

Фиппаинæгтæ

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads