Софияйы облæст
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Софияйы облæст (болг. Софийска област) у ныгуылæн Болгарийы облæст. Йæ административон центр у паддзахады сæйраг сахар София, фæлæ уыцы сахар облæсты дæлбар нæу, ис æм хицæн административон иуæг — Софияйы сахары облæст.
Софияйы облæст цы территори ахсы, уый фæзуат у 7059 км²[2]. Облæст у хæххон, лæууы, Софияйы алфамбылай цæфхады хуызæн цы хæхтæ и, уыдоныл. Уыцы хæхты къахынц æрхуыйы æрзæт, Пирдопы та кусы æрхуыйы комбинат, кæцы Европæйы стырдæрыл нымад у.
Софияйы облæст æмарæн у:
- цæгаты — Монтанæйы облæст æмæ Врацæйы облæстытимæ;
- цæгат-скæсæны — Ловечы облæстимæ;
- скæсæны — Пловдивы облæстимæ;
- хуссар-скæсæны — Пазарджичы облæстимæ;
- хуссары — Благоевграды облæстимæ;
- хуссар-ныгуылæны — Кюстендилы облæстимæ;
- ныгуылæны — Перничы æмæ Софияйы сахары облæстытимæ;
- цæгат-ныгуылæны — Сербиимæ.
Remove ads
Цæрджытæ
2008 азы облæсты цардысты 256 140 адæймаджы[3].
Облæсты ис 18 сахары — Божуриште (4970 цæрæджы[4]), Ботевград (22 104 цæрæджы[4]), Годеч (4604 цæрæджы[4]), Долна-Баня (4812 цæрæджы[4]), Драгоман (3419 цæрæджы[4]), Елин-Пелин (7045 цæрæджы[4]), Етрополе (11 687 цæрæджы[4]), Златицæ (5364 цæрæджы[4]), Ихтиман (13 792 цæрæджы[4]), Копривштицæ (2537 цæрæджы[4]), Костенец (7344 цæрæджы[4]), Костинброд (11 824 цæрæджы[4]), Момин-Проход (1757 цæрæджы[4]), Пирдоп (8105 цæрæджы[4]), Правец (4555 цæрæджы[4]), Самоков (28 150 цæрæджы[4]), Своге (8512 цæрæджы[4]), Сливницæ (7602 цæрæджы[4]). Уыимæ ма Софияйы облæсты территорийыл ис 265 хъæуы[2].
Административон æгъдауæй облæст дихгонд у 22 хъæубæстæйыл:

- Антон (хъæубæстæ) (1634 адæмаджы[3]).
- Божуриште (хъæубæстæ) (7144 адæмаджы[3]).
- Ботевград (хъæубæстæ) (34 880 адæмаджы[3]).
- Долна-Баня (хъæубæстæ) (4827 адæмаджы[3]).
- Драгоман (хъæубæстæ) (5524 адæмаджы[3]).
- Елин-Пелин (хъæубæстæ) (22 920 адæмаджы[3]).
- Етрополе (хъæубæстæ) (13 512 адæмаджы[3]).
- Годеч (хъæубæстæ) (5626 адæмаджы[3]).
- Горна-Малинæ (хъæубæстæ) (6216 адæмаджы[3]).
- Ихтиман (хъæубæстæ) (18 838 адæмаджы[3]).
- Копривштицæ (хъæубæстæ) (2536 адæмаджы[3]).
- Костенец (хъæубæстæ) (13 655 адæмаджы[3]).
- Костинброд (хъæубæстæ) (17 104 адæмаджы[3]).
- Мирково (хъæубæстæ) (2627 адæмаджы[3]).
- Пирдоп (хъæубæстæ) (8937 адæмаджы[3]).
- Правец (хъæубæстæ) (8473 адæмаджы[3]).
- Самоков (хъæубæстæ) (40161 адæмаджы[3]).
- Сливницæ (хъæубæстæ) (9563 адæмаджы[3]).
- Своге (хъæубæстæ) (22 657 адæмаджы[3]).
- Чавдар (хъæубæстæ) (1362 адæмаджы[3]).
- Челопеч (хъæубæстæ) (1772 адæмаджы[3]).
- Златицæ (хъæубæстæ) (6172 адæмаджы[3]).
Remove ads
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads