Стара-Загорæйы облæст
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Стара-Загорæйы облæст (болг. Област Стара Загора) — облæст Болгарийы централон хайы, ацы бæстæйы 28 облæстытæй иу, йæ фæзуатмæ гæсгæ 5-æм. Сæйраг сахар — Стара-Загорæ, цæрджытæ — 371 917 адæймаджы (2008 азы 16 июнмæ гæсгæ)[2].
Облæсты фæзуат — 5151 км². Регистрацион код — СТ
Remove ads
Цæрджытæ
Куыд æппæт бæстæйы, афтæ Стара-Загорæйы облæсты дæр цæрджыты нымæц къаддæр кæны. Уымæн йæ аххосты ’хсæн сты интенсивон миграци æмæ чысыл гуырынад. 2005 азы облæсты цардысты 410 мин адæймаджы, 2007 азы та — æрмæст 389 мин.
Стырдæр сахартæ сты Стара-Загорæ (183 мин) æмæ Казанлык (90 мин).
Экономикæ
2003 азы Старæ-Загорæйы облæст ахста Болгарийы облæстыты ’хсæн æртыккаг бынат адæймаджы размæцыды индексмæ гæсгæ (ИНО-йы официалон доклад). 2004 азы фæсарæйнаг инвестицитæ облæстмæ уыдысты 838 милуан евройы, кæд æмæ æппæт бæстæмæ бацыд 2.020 млн (ома, æппæт фæсарæйнаг инвестицитæй 41,5%). Уыцы ’хцайæ фылдæр хай цыд энергетикæмæ — энергетикон комплекс Марицæ Изток аразынмæ.
Стара-Загорæйы облæсты лæууы бæстæйы стырдæр бæгæныуадзæн завод — «Загорка», кусынц дзы 800 адæймаджы. «Загорка» уадзы Болгарийы бæгæныйæ 30%. Æндæр куыстуæтты ’хсæн тамакойы комбинат «Слънце — БТ — Стара Загора», макаронтæуадзæн завод «Загария», хойраджы индустрийæн машинæтæаразæн завод «Хранинвест — Хранмашкомплект», згъæры конструкциты завод æмæ æндæртæ.
Облæст у хъæууон хæдзарады ахсджиаг регион. Садзынц дзы мæнæу, техникон культурæтæ, халсартæ, сæнæфсир. 1950 азæй фæстæмæ дарынц фысвосы бынæттон хуыз — лыстæг къуымбил дзы райсынмæ.
Стара-Загорæ у Хуссар Болгарийы ахсджиагдæр транспортон æлхынцъытæй иу. Ууыл цæуы æфсæнвæндаджы къабаз Русе — Подковæ.
Remove ads
Æмгуыстад
Стара-Загорæйы облæстмæ ис сæрмагонд культурон æмæ экономикон бастдзинад уæрæсейаг Самарæйы облæстимæ (1999 азæй).
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads