Стъарапол

From Wikipedia, the free encyclopedia

Стъараполmap
Remove ads

Стъарапол (уырыс. Ставрополь, бердзенагау нысан кæны дзуары сахар) у Уæрæсейы сахар, Стъараполы крайы сæйраг сахар.

Краткие факты Стъарапол, Паддзахад ...

Стъарапол у, æппæт Уæрæсейы цæрынæн хуыздæр чи бæззы, ахæм сахар[3].

Сахары бындур сæвæрдтой 1777-æм азы. Сахары статус Стъарапол райста 1785-æм азы. 1935 азы онг йæ ном уыдис Ста́врополь-Кавка́зский, 1935 азæй 1943 азы онг — Вороши́ловск.

Remove ads

Географи

Стъарапол æрбынат кодта Стъараполы уæлвæзыл, Кавказы хæхты раз, цæугæдон Ташла кæм ратæдзы, уыцы ран. У Мæскуыйæ 1450 км хуссарырдæм. Денджызы æмвæзадæй у 230 м уæлдæр.

Сахары иу уынг хуыйны 45-æм параллель — йæ дырыс географион координатæтæм гæсгæ. Уымæ гæсгæ Стъарапол у полюсæй æмæ экваторæй æмиас дард[4]. Стъарапол лæууы ахсджиаг бынаты Азовы æмæ Хъаспы денджызы æхсæн, уымæ гæсгæ сахар фæхонынц «Кавказы къулдуар»[5].

Thumb
Стъараполы сахарон зылды сконд:
     Стъараполы зæххытæ сахары арæнты мидæг      хут. Грушёвый      аэропорт Шпаковское      цъæх территоритæ      дæттæ

Сахар ахсы 171,7 км²[1]. Стырдæр сахары зылд (æд аэропорт æмæ цъæх территоритæ) у 276,7 км². Амæддзæгтæ цы ран лæууынц, ахæм фæзуат у 127,870 км² (сахары зылды фæзуаты 46,2 %). Сахары зылды зæххытæм хауы Сенгилейы донæвæрæн дæр (42 км²), уымæй сахар фæисы дон.

Стъарапол адаргъ ис хуссар-ныгуылæнæй цæгат-скæсæнмæ. Сахарæй 5 км æдде лæууы йæ чысылдæр «æмбæлццон сахар» — Михайловск.

Абоны Стъараполы мидæг ис 530 уынджы, кæцыты иумæйаг дæргъ у 700 километрæй фылдæр. Ис дзы 28 мин амаддзаджы, уыдонæй 23,8 мины цæрынц адæймæгтæ. Сахары ис 149 ахуыргæнæндоны, уыдонæй 20 уæлдæр ахуырад дæттынц. Уымæй йеддæмæ сахары ис фондз музейы, дыууæ театры æмæ 219 фенддаджы (архитектурон, историон æмæ культурон бынтæ).

Сахары цур ис егъау хъæд, 4494 гектары.

Стъараполы бирæ фенддæгты ’хсæн ис фыццагæм гимназы бæстыхай (кæцыйы ахуыр кодта Хетæгкаты Къоста æмæ йæ рæстæджы æндæр зындгонд адæм), Кавказы фыццаг сылгоймæгты гимназ[6], сахары фыццаг дуртæй амад хæдзар[7] æмæ æндæртæ.

Бынæттон хиуынаффæйад

Сахары думæйы сæрдар
  • Колягин Георгий Семёны фырт[8]
Сахары сæргълæууæг
  • Джатдоев Андрей Хасаны фырт[9]
Remove ads

Цæрджытæ

2010-æм азы сфыстмæ гæсгæ сахары цæрынц[10]:

Подробнее Адæмыхатт, Нымæц, мины ...
Remove ads

Истори

Стыр Фыдыбæстæйы хæсты рæстæг немыц байстой Стъарапол 1942 азы 3 августы. 1943 азы 21 январы сахар ссæрибар æрцыдис[11].

Уыцы иу аз Орджоникидзейы крайæн радтой Стъараполы крайы ном, сахар Ворошиловскæн та — йæ раздæры ном, Стъарапол[12].

Ирон Стъарапол

Стъараполы гимназы ахуыр кодтой Доййаты Саханджери, Хъаныхъуаты Инал, Цæлыккаты Ахмæт æмæ Хетæгкаты Къоста (1871-æм азæй дæс азы дæргъы). Къоста ма Стъарапол цардис йæ фыццаг арвысты рæстæг, 1893 азæй 1897 азы онг, куыста дзы газеты уацхæссæгæй. Стъараполы сæйраг уынгтæй иу хæссы ирон поэты ном — Хетæгкаты Къостайы уынг (центрон паркмæ ’ввæхс).

Транспорт

Стъараполы кусынц троллейбусы 9 маршруты, ис автобустæ æмæ маршруткæтæ.

Иннæ сахартимæ Стъарапол баст у автомагистралтæй, ис дзы æфсæнвæндаджы вокзал æмæ аэропорт (рейстæ Мæскуы æмæ Стамбулмæ).

Фиппаинæгтæ

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads