Стыр Акбар

From Wikipedia, the free encyclopedia

Стыр Акбар
Remove ads

Акбар Джелал-ад-Дин Мухаммад (Стыр Акбар; райгуырдис 1542-æм азы 14 октябры — амардис 1605-æм азы 17 октябры) у Стыр Моголты династийы æртыккаг падишах, тимурид, Бабуры фæдон.

Краткие факты Стыр Акбар, Стыр Моголты империйы падишах ...
Remove ads

Цардафыст

Йæ адæмыхатмæ гæсгæ уыдис тюркаг, райгуырд Умеркоты (ныр Пакистаны), уым арвыста йæ царды фыццаг 12 азы. 1555-æм азы йæ фыд Хумаюнимæ ралыгъди Делимæ.

1556-æм азы Хумаюн фæзиан ис, æмæ 14-аздзыд Акбар сси хицауиуæггæнæг. Цыппар азы ма куы рацыди, уæд йæ регент Байрам-ханы ратардта æмæ йæ империйы арæнтæ уæрæхдæр кæнын байдыдта.

Акбар иртæста алыхуызон динтæ, йе ’мбæстонтæн радта дин равзарыны бар. Уый-иу дзырдта: «Æрмæстдæр зонд кæй хорзыл нымайы, уыцы дин раст у» æмæ «Иуæй-иу æдылытæ, традициты уарзджытæ, сæ фыдæлты æгъдау зонды амындыл нымайынц æмæ уымæй сæхи худинаг кæнынц æнусмæ». 1582-æм азæй уый парахат кодта йæхи динон ахуырад, дин-и иллахи («Хуыцауы дин»), уыцы дин уыд пысылмон дин, индуизм, зороастризм æмæ чырыстон дины синтез. Йæ архайд нæ фæрæстмæ, зæгъæн ис, æмæ уый уыди иунæг ахæм адæймаг, йæхи диныл чи æууæндыди.

Акбар фæзиан ис 1605-æм азы, йæ бынаты сбадти йæ фырт Салим, Джахангиры ном райста, афтæмæй.

Thumb
Визир Абу-л Фазл дæтты Акбарæн чиныг «Акбарнаме». Миниатюрæ. 1596—1597 азтæ. Библиотекæ Честер Битти, Дублин
Remove ads

Литературæ

  • Б.Гаскойн. Великие моголы. М. 2003.

Æддаг æрмæг

Фиппаинæгтæ

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads