Теймураз II

From Wikipedia, the free encyclopedia

Теймураз II
Remove ads

Теймураз II (гуырдз. თეიმურაზ II; 1700 — 1762-æм азы 8 январы) уыд Къахеты паддзах (17331736, 17371744), стæй ма Картлийы паддзах дæр (17441762). Багратионты мыггагæй. Поэт-лирик. Картли æмæ Къахеты паддзах Ерекъле I-æмы фырт. 1744-æм азы Теймуразы фырт Ерекъле II сси Къахеты паддзах, уымæй йæ бон баци скæсæйнаг Гуырдзыстоны фылдæр хай баиу кæнын.

Краткие факты Къахеты паддзах, Раздæр чи уыд ...

Теймураз II æнувыдæй архайдта Скæсæйнаг Гуырдзыстон баиу кæныныл, йæ æддаг политикæйы фылдæр æргом здæхта Уæрæсемæ.

1761-æм азы æрцыд Бетъырбухмæ, куырдта æххуыс регионы æндæр бæстæты ныхмæ. Амардис Бетъырбухы, ныгæд æрцыдис Астраханы.

Thumb
Гуырдзыстон францаг картæйыл. Париж, 1748.
Remove ads

Цардафыст

Thumb
Теймураз II-ы ингæн Астраханы аргъуаны

Къахеты паддзах Теймураз знæггад кодта Арагуи æмæ Чысаны еристаутимæ. 1743-æм азы Арагуийы ерыстау Бежаны амардтой, æмæ йæ адæм базыдтой паддзах Теймуразы æлдариуæг. 1744-æм азы Теймураз рабалц кодта Чысаны ерыстау Гиви Амилахвари ныхмæ, уый та йæ галуанæй ралыгъдис Ираны сахмæ. Йæ хæстæджытæй иу лæг, Реваз, Чысаны еристауы фидартæ радта Теймуразæн хибарæй[3].

1744-æм азы Ираны сах Надир-сах (17361747) снысан кодта къахеттаг паддзах Теймуразы Картлийы паддзахæй дæр, йæ фырт Ерекълейы та — Къахеты паддзахæй.

1760-æм азы картлийаг паддзах Теймураз II, кæцы тарстис Азат-сахæй, абалц кодта Уæрæсемæ, фæндыди йæ ус-император Елизаветæйæ æххуыс ракурын. Уыцы заман Уæрæсе Пруссиимæ тох кодта, æмæ йæ бон нæ баци Гуырдзыстонæн æфсæддон æххуыс радих кæнын. Гуырдзиаг паддзахæн радтой Андрей Первозванный орден, фæлæ æфсад Кавказмæ нæ арвыстой. Йæ минæвæрады рæстæг 1762-æм азы январы Картлийы паддзах Теймураз II йæ цардæй ахицæн Бетъырбухы. Йæ фыды амæлæты фæстæ ног паддзах Ерекъле II-æн йæ къухы бафтыд йæ дæлбар баиу кæнын Картли-Къахеты паддзахад.

Remove ads

Сфæлдыстад

Теймураз II йæ фыдыфыды фыд Теймураз I-ы сфæлдыстадон бынтæ адарддæр кодта. Йæ уацмысты ’хсæн зындгонддæр у «Бон æмæ æхсæвы ’хсæн быцæу», уый лæмбынагæй афыссы феодалон æхсæнады æгъдæуттæ. Йæ «Дыргътæн стауæн ныхас» у ирхæфсæн поэзийы дæнцæг, тынг парахат æндæр XVII-XVIII æнусты гуырдзиаг поэтты ’хсæн дæр. Теймураз Бетъырбухы куы уыд балцы, уæд йе ’мдзæвгæтæй зарæг кодта уырыссаг рæсугъд чызг Варварæ Бутурлина. Арчилы хуызæн, Теймураз дæр ныффыста йæхи «Ныхас Руставелиимæ». Уый канд хи æмдзæвгæтæ нæ фыста, фæлæ тæлмацтæ дæр кодта — уый гуырдзиагмæ раивта «Синдбад»[4].

Remove ads

Бинонтæ

Теймураз II æртæ хатты ус æрхаста. Йæ фыццаг ус уыд Тамар, Бахадур II Сидамонийы чызг. Уымæй ын цот нæ уыд, æмæ йæ усæй фæхицæн 1710-æм азы.

1712-æм азы дыккаг хатт ус æрхаста, йæ бинойнаг уыд Картлийы паддзах Вахтанг VI-ы чызг Картлийы Тамар (16971746). Бинонтæм райгуырдысты бирæ цот: Ерекъле II (17201798), Картли-Къахеты паддзах (17621798), Давид (амардис 1729-æм азы), Иоанн (амардис 1736-æм азы), Соломон (17471749), Кетеван, Ираны сах Адиль-сахы ус 1737-æм азæй (17471748), Еленæ (амардис 1743-æм азы), сси кънйаз Заза Панашертелийы ус, æмæ Аннæ, кънйаз Деметри Орбелианийы ус 1744-æм азæй.

1746-æм азы паддзах æртыккаг хатт ус æрхаста, йæ ус Бараташвили Аннæйæ (17341784) райгуырдысты дыууæ чызджы — Тамар (райгуырдис 1749-æм азы) æмæ Елизаветæ (17501770).

Фиппаинæгтæ

Литературæ

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads