Тотратæ

ирон мыггаг From Wikipedia, the free encyclopedia

Remove ads

Тотратæ кæнæ Тотыратæ (уырыс. Тотровы) сты ирон мыггаг. Цардысты Урстуалты, Ходз æмæ Къабузты хъæуы (ис дзы Тотраты мæсыг).[1]

Краткие факты Тотратæ, Æндæр вариант ...

Равзæрд

Таурæгъмæ гæсгæ, Мамысонгомы Тибы хъæуы царди æртæ æфсымæры: Бага, Джерга æмæ Гамахар. Тибмæ æрбафтыдысты Уæлладжыры комы Цъамады хъæуæй. Тибæй Бага æмæ Джергайы цæуæтæй бирæ алыгъд Хуссар Ирмæ. Гамахары цæуæтæй та — Дыгургоммæ, Урсдоны хъæумæ. Тибы цы Багатæ цард, уыдонæй иу, йæ ном Тотыр, алыгъд Куырттаты коммæ, æмæ уый номæй рацыд Тотраты мыггаг, цардысты Дæллагхъæуы. Дæллагхъæуæй Тотратæй бирæтæ алыгъди Хуссар Ирыстонмæ æмæ æрцардысты Стыр Леуахийы ратæдзæнты, Ходзы хъæуы. Багатæ, Джергатæ, Гамахартæ æмæ Тотратæ хæрз æрвадæлтæ сты.[2]

Remove ads

Фиппаинæгтæ

Литературæ

Æрвитæнтæ

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads