Туалгом
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Туалгом (гуырдз. დვალეთი) у ком Цæгат Ирыстоны хуссары. Цæрынц дзы туалтæ.
Туалгомы ис ахæм кæмттæ: Адайы ком, Джинаты ком, Захъхъагом, Зруггом, Мамысонгом, Нарыком, Цмийаг ком.
Remove ads
Туалты æхсæнад
Туалты æхсæнад ис централон Ирыстоны: хаудысты йæм Нары, Мамысоны, Зручъы æмæ Захъайы кæмттæ. Æмæ кæмтты нæмттæм гæсгæ дих кодта цыппар сæйраг хайыл – нарæгтæ, мамысойнæгтæ, зрукъæгтæ æмæ захъайæгтыл. Се ’мбисæй фылдæр сæ фыдæлты Уæлладжыры æхсæнадæй рацæуæгыл нымайынц. Туалты æхсæнады уыдис ахæм социалон къордтæ: тыхджын мыггаг, фæрссаг лæгтæ, кæвдæсæрдтæ æмæ цагъайрæгтæ, туалты æхсæнады алы хъæуы цæрæг адæм, социалон æгъдауæй æмбар нæ уæвгæйæ ма хицæн хъæутæ дæр сæ кæрæдзи æмбар нæ хуыдтой. Иутæ дзы сæхи «уæлдæртыл» нымадтой (Нар), иннæты та «дæлдæртæм» хастой (Мамысон).[1]
Remove ads
Ныхасыздæхтытæ
Мамысон æмæ Зруг дзырдтой ш-йæ, уыимæ Мамысон кодтой ивазгæ дзырд. Захъхъа дзырдтой ц-йæ, Нар с-йæ (Зæрæмæг, Нар æмæ Захъхъайы ныхасыздæхтытæм хæстæг).[2]
Галерей
- Адайыхох æмæ Зæрæмæджыхохы уынд Нарыкомæй
- Мæсыг Тибы
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads