Тутыртæ
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Тутыртæ — Тутыры номыл ирон адæм бæрæгбон кодтой Стыр комбæттæны фыццаг къуыри. Уыцы къуыри хуыйны «Тутыры къуыри». Йæ фыццаг æртæ боны уыдысты уæлдай карздæр марходарæн æмæ фæдзæхсæн бонтæ. Къуырисæры-иу бон-изæрмæ лæгтæ ком дардтой Уастырджийы номыл, устытæ æмæ чызджытæ та ма — се ’фсымæрты цардамонды тыххæй дæр. Уымæ гæсгæ йæ хуыдтой «æфсымæрты комдарæн». Дыццæджы ком дардтой, цæмæй адæм афæдзы дæргъы хъæздыг уой хæдзарон маргъæй, æфсæст уой хорæй, сæхæдæг æнæниз, æнæфыдбылыз, æнæзиан уой.
Тутыры æртыццæг хуыдтой Тутыры æрвитæн бон. Уыцы бон у уæлдай кадджындæр фæдзæхсæн бон. Бинонтæй-иу иу сылгоймаг, зæрдæхæлардæр, йæ къух хуыздæр кæмæн уыд, уый райсомæй æнæдзургæйæ сыстад, хæргæ нæ, фæлæ дон дæр нæ банызтаид, афтæмæй алкæй, уæлдайдæр та сывæллæтты дзаумæтты рахиз уæхсчы, худты рахизфарс сырх æндахæй дзуарæвæрд сынчытæ скодта. Уый хуындис Тутыры сынк. Ахæм сынк кæй дзаумайыл уыд, ууыл, дам, афæдзы дæргъы хæйрæджыты бар нал цыд, сæ фыдбылызæй йын тæссаг нæ уыд. Тутыры æртыццæджы ирон адæм цыдысты зæрингуырдтæм, куырдтæм æмæ-иу сæхицæн кæнын кодтой æвзист къухдарæнтæ, кæрдтæ, гутоны æфсæнтæ, сывæллæттæн — къæрцгæйнæгтæ æмæ æндæртæ. Сывæллæттæн чындзытæ кодтой фæдзæхсæн чингуытæ. Сæ мидæг сын æвæрдтой рæхысы хафæнтæ, маргъы фаджыс, æфсæйнаджы муртæ æмæ æндæртæ. Уыцы чингуытæ-иу бафтыдтой сывæллæтты æфцæджы. Уыцы бон-иу хæдзары нæлгоймæгтæ райсом раджы — сæумæдæвдæгæй æнæхъæлæбайæ сыстадысты æмæ мадзурайæ цыдысты хъæдмæ хъæдæрмæг кæнынмæ. Тутыры æртыццæджы конд хъæдæрмæгæй арæзтой æфсондзтæ, тæбынгтæ, стивдзтæ, рæтæнæгтæ. Фидардæр, дам, сты.
Тутыры бæрæг къуыри дæр мархойы рæстæгмæ хауы: дзидза, сойаг хæрын нæ фæтчыд. Уымæ гæсгæ ирон адæм бæрæгбоны хæринагæн кодтой мæнæуы дзæрна. Хуыдтой йæ «Тутыры дзæрна». Кæнæ фыхтой нартхоры ссадæй кас — нартхоры фых.[1]
Remove ads
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads