Тъехтæ
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Тъехтæ[1] (уырыс. Теховы, гуырдз. ტეხაშვილი) сты ирон мыггаг.
Равзæрд
Тъехтæ кæцæй рацыдысты, уый иутæ хуыдтой Мамысоны ком, иннæтæ та — Хæрисджыны. Уырдыгæй ралидзгæйæ, дыууæ дихы фесты. Сæ иутæ æрцардысты Стыр Леуахийы комы Дампалеты хъæуы. Ам чи æрцардис, уыдонæн ис æрвадæлтæ: Цыбыртæ, Тыбылтæ.
Тъехтæй иннæтæ æрцардысты Чысыл Леуахийы комы, Самбиаты хъæуы. Ныр дзы ничиуал цæры. Самбиаты хъæуæй ралидзгæйæ Тъехты мыггаг дыууæ дихы фæци. Иутæ сæ балыгъдысты Самбиаты æфцæгæй цæгатырдæм, сæ хъæу схуыдтой Тъехтыхъæу. Гуырдзы та йæ хуыдтой Самцхо — ахæм мæсыг дзы уыд æмæ уый номæй. Самбиатæй Тъехты иу хай алыгъд Уæллаг Черемæ, иннæ хай та Наниауримæ. Амы Тъехты æрвадæлтæ сты: Габетæ, Пелитæ, Туатæ, Задытæ, Уалытæ. Ноджы ма уыдоныл сæхи нымайынц Уæзæгтæ. Габетæ æцæгдæр Тъехтæй уыдысты æмæ фыдыномæй смыггаг кодтой. Ацы æрвадæлтæн сæ иумæйаг рæхыс баззад Ципоры Туатæм. «Нæ фыдæлты рæхыс, дам, Туатæм баззад, афтæ дзырдтой нæ хистæртæ».[1]
Remove ads
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads