Уттар-Прадеш

From Wikipedia, the free encyclopedia

Уттар-Прадешmap
Remove ads

У́ттар-Праде́ш (хинди उत्तर प्रदेश — «Цæгаты бæстæ»; урду اتر پردیش; англ. Uttar Pradesh) у Индийы цæгаты штат, йæ цæгат арæн у Индийы арæн Непалимæ. Штаты сæйраг сахар у Лакхнау, стырдæр сахар — Канпур. Æндæр стыр сахартæ сты Агрæ, Алигарх, Айодхья, Варанаси (Бенарес), Горакхпур. Цæрджыты нымæц у 166 млн адæймаджы — уымæй у Индийы штатты ’хсæн стырдæр.

Краткие факты Уттар-Прадеш, Паддзахад ...

Уттар-Прадеш у дунейы стырдæр административон иуæг цæрджыты нымæцмæ гæсгæ, æрмæст фондз паддзахады цæрджыты нымæц у Уттар-Прадешæй стырдæр: АИШ, Бразили, Индонези, Китай æмæ Инди йæхæдæг.

Кæсын-фыссын чи зоны, уыдоны нымæц у, æндæр штаттимæ абаргæйæ, ныллæг — нæлгоймæгтæй 70%, сылгоймæгтæй 43% (2001-æм азы). Штаты зындгонддæр уæлдæр ахуыргæнæндон у Аллахабады университет.

Thumb
Тадж Махал. Агрæ. 2004-æм азы конд къам

Штат Уттар-Прадеш иттæг ахсджиаг у Индийы культурæйæн — сахар Варанаси (Бенарес дæр æй хонынц) у индусаг уырнджытæн табуйаг. Сахар Агрæйы та лæууы дунейы зындгонддæр амаддзæгтæй иу — мавзолей Тадж Махал.

Нырыккон хиндийы литературон формæйы бындур сси, Уттар-Прадешы ныгулæны цы хариболийы диалектыл дзурынц, уый.

Уттар-Прадешы зæххыл XIX æнусы уыдис бритайнаг провинци Агрæ æмæ Ауды кънйазад. 1858-æм уыдон иугонд æрцыдысты, уæдæй фæстæмæ хуыдтой сæ «Агрæ æмæ Ауды иугонд провинцитæ», 1902-æм азæй та хуымæтæджы «Иугонд провинцитæ». Инди хæдбар куы сси, уæд штатæн радтой йæ ныры ном (йæ уæды сконды нырыккон Уттаракханды штаты зæххытæ дæр уыдысты).

Remove ads

Фиппаинæгтæ

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads